Ивар кæнæ информаци: чиновникты бахæсджын кæндзысты журналисттæн информаци дæттын

© Алина Болатаева Заседание совета парламента Северной Осетии
Заседание совета парламента Северной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгат Ирыстоны æндæр æмæ æндæр æнкъарæнтимæ сæмбæлдысты закондæттæн инициативæйыл, кæцымæ гæсгæ мыхуыры фæрæзтæн информаци нæ раттыны тыххæй чиновникты кæндзысты ивар

ЦХИНВАЛ, 21 апр — Sputnik, Болататы Алина. Паддзахадон Думæйы депутаттæ бахастой законыпроект, кæцымæ гæсгæ нывæзты ис бакæнын сæрмагонд административон бæрн журналисттæн информаци дæттыныл тобæйы тыххæй.

Экспертон ӕрфарст Цхинвалы рабӕрӕг кодта 2016 азы хуыздæр журналистты нæмттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Экспертон ӕрфарст Цхинвалы рабӕрӕг кодта 2016 азы хуыздæр журналистты

Чиновникты журналисттæн информаци раттыныл тобæйы тыххæй нывæндынц 25-35 мин сомы ивар кæнын.

Цæгат Ирыстоны парламенты закондæттæн комитеты сæргълæууæг Геннадий Радионов куыд банысан кодта, афтæмæй абон информаци чи нæ дæтты, уыцы чиновникты ныхмæ санкциты ахæм суммæйыл дзырд нæ цæуы — ис ивар 1-3 мин сомы бæрц.

Уый ма бафтыдта, ацы суммæимæ кæй ис кæнæн "быцæуы бацæуын", фæлæ банхъардта законыпроекты фарс рахæцын.

Ацы позициимæ сразы ис парламентыспикер Алексей Мачнев.

"Алы чиновникæн нæй ахæм мызд. Райсæм консультанты, уый дæр у чиновник, йæ мызд у 15-18 мин сомы. Уæд ма 30 мин сомы та куыд фиддзæн?", — сразы ис йæ коллегæимæ Мачнев.

Инициативæ асайдта бирæ быцæутæ республикон параламенты уæнгты æхсæн. Скъуыддзаг æрцыд, цæмæй законыпроектыл ноджы æрцæуа бакуыст æмæ йæм ногæй æркæсой радон рабадтыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0