ЦХИНВАЛ, 21 апр — Sputnik. Сухумы ныфс ис, РХИ ног президенты равзæрстимæ Цхинвалимæ йæ ахастытæ кæй кæндзысты фидардæр, уый тыххæй йæ интервьюйы Sputnik загъта Абхазы президент Рауль Хаджимба.
"Нæ адæмтæ рацыдысты вазыгджын фæндагыл сæ хæдбардзинад æмæ сæрибардзинадмæ. Бирæ æнусты дæргъы мах баст уыдыстæм нæ хъысмæтты иумæйагдзинадæй, монон æмæ традицион культурæйы тæгтæй. Дæн æнæдызæрдыг, ног президенты къухдариуæгады бын республикæтæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы æхсæн ахастытæ кæй кæндзысты фидардæр æмæ уæрæхдæр", — загъта Республикæ Абхазы президент.
Рауль Хаджимба банысан кодта, сæ дарддæры дидинæфтыд РХИ æмбæстæгтæ кæй бæттынц Бибылты Анатолийы номимæ.
"Уæлахиз æвзæрстыты — æмбæстæгты æууæнчы ирд æвдисæндар æмæ хуыздæр царды æнхъæлмæкæсынад, кæцы хуссарирыстойнаг адæм бæттынц Бибылты Анатолийы номимæ", — банысан кодта Абхазы разамонæг.
Йæ цæст Бибылты Анатолийæн бауарзта фидар æнæниздзинад, амонд æмæ æныстытæ Хуссар Ирыстоны адæмæн лæггад кæныны хъуыддаджы, хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæн та — фарн æмæ амонд.
Хуссар Ирыстоны президенты æвзæрстытæ ацыдысты 9 апрелы, Бибылты Анатолий фæуæлахиз фыццаг туры, æвзарджыты 54,8 процент хъæлæстæ райсгæйæ.
Президенты инаугураци ацæудзæн майрæмбоны 21 апрелы.