Уæрæсейы базæ Хуссар Иры быдырмæ ракодта дыууæ мин æфсæддоны

© Sputnik / Саид Царнаев /  Ахизын медиабанкмæВоенные учения ЮВО
Военные учения ЮВО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсейаг базæйы ахуырты архайдтой 2 мин æфсæддоны æмæ 500 иуæджы та техникæ æмæ гæрзтæ

ЦХИНВАЛ, 21 апр — Sputnik. Уæрæсейы æфсæддон базæ Хуссар Ирыстоны бакуыста ахуырадон-хæстон нысæнттыл хæххон уавæрты, фехъусын кодтой РИА Новости Хуссар æфсæддон зылды пресс-службæйы.

"Хуссар Ирыстоны уæвæг Уæрæсейы Хуссар æфсæддон зылды дæлхайæдтæ зымæгон ахуырты рæстæджы бакуыстой ахуырадон-хæстон нысæнттыл хæххон уавæрты. Полигоны ауагътой æфсæддон æхстытæ хæцæнгарз æмæ нырыккон техникæйæ — танктæ Т-72БМ, БМП-2-йæ æмæ æндæртæй", — загъта ХӔЗ-ы пресс-службæйы хистæр, булкъон Вадим Астафьев.

Уый ма банысан кодта, дæлхайæдтимæ уагъд кӕй æрцыд контролон, тактикон æмæ тактикон-сæрмагонд ахуыртæ.

Æфсæддонтæ радтой иумæйаг æфсæддон æмæ сæрмагонд цæттæдзинады нормативтæ.

Уæрæсейаг базæйы ахуырты архайдтой 2 мин æфсæддоны æмæ 500 иуæджы та техникæ æмæ гæрзтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0