ЦХИНВАЛ, 21 апр — Sputnik. Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолий загъта бузныг республикæйы адæмæн, кæцы йыл баууæндыд республикæйыл къухдариуæгад.
Паддзахады равзаргæ президент раныхас кодта инаугурацийы церемонийы, кæцы ацыд республикон стадионы Цхинвалы.
"Фыццаджыдæр, мын бар раттут сымахæн бузныг зæгъын, ахæм стыр æууæнк мыл кæй бафтыдтад, уый фæдыл. Бузныг, йæ зæрдæ кæмæн риссы нæ Ирыстоныл! Нæ Аланийыл! Ӕнæдызæрдыг дæн, иумæйагæй кæй сараздзыстæм нæ паддзахад хуыздæр, йæ æмбæстæгты цард та — амондджындæр", — загъта Бибылты Анатолий.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, церемонийы бынаты равзæрст æнæнхъæлæджы нæу.
"Мæн фæндыд ардбахæрд æрхæссын Хуссар Ирыстоны адæмы раз, цы ран сты нæ хотæ æмæ æфсымæртæ Цæгат Ирыстонæй, Уæрæсейы Федерацийæ, кæдоны фæрцы нæ зæххыл ис сабырад; не ′фсымæрон республикæтæй уазджыты раз, кæцытимæ рацыдыстæм вазыгджын фæндаг æмæ нæ республикæ кæмæн у æввахс æмæ зынаргъ, уыдоны раз ", — загъта Хуссар Ирыстоны ног президент.
Инаугурацийы церемони фыццаг хатт ацыд республикон стадионы, кæцы нымад у 5 200 адæймагыл.