ЦХИНВАЛ, 24 апр — Sputnik. Къуырисæры изæрмæ Хуссар Ирыстоны æппæт районтæм ратдзысты рухс, фехъусын кодта Sputnik Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс"-ы директоры хæдивæг Гæбæраты Анатолий.
Ирыстоны дыууæ хайы тæрккъæвдатæ æмæ тыхдымгæтæ æркодтой электронон рухсы хæххытыл аваритæм, цæй фæстиуӕгæн хуыцаубоны æгас Хуссар Ирыстон аззад æнæрухсæй. Энергоифтонгад радтой изæрæй, фæлæ фæстауæрцон хахх æххæссы æрмæст Цхинвал æмæ горæтгæрон хъæутыл.
"Цхинвалæй комкоммæ цы хъæутæм цæуы электронон хахх, уыдоны ис рухс. Фӕлӕ Дзауы, Знауыры æмæ Ленингоры районтæ нырма сты æнæрухс. Ныридæгæн авариты фæстиуджытæ иуварс цæуынц æмæ, нæ хъуыдымæ гæсгæ, изæры ӕппӕт республикӕмӕ дæр рухс цæудзæн хуымæтæг режиммæ гæсгæ", — загъта Гæбæраты Анатолий.
Хуыцаубоны æвзæр боныгъæды аххосæй ӕрцыд авари электронон рухсы хæтæлыл, кæцыйыл рухс цæуы Хуссар Ирыстонмæ. Тыхдымгӕ ма ахадгӕ зиан ракодта Цӕгат Ирӕн дӕр. Алагиры ӕмӕ Горӕтгӕрон районты конд ӕрцыд уӕлвӕткон уавӕр.