Гранатæйы срæмыгъд Дагестаны: иу ахуырдзау фæмард, астæй райстой цæфтæ

© NewsTeam /  Ахизын медиабанкмæМашины "Скорой помощи" в Дагестане
Машины Скорой помощи в Дагестане - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Скъоладзау æрбахаста гранатæ дагестайнаг скъоламæ, срæмыгъд æрцыд хæцæнгарзимæ æнæарæхст архайды аххосæй

ЦХИНВАЛ, 24 апр — Sputnik. Иу скъоладзау фæмард, развæлгъау зонæнтæм гæсгæ, астæй та райстой цæфтæ компьютерон къласы гранатæйы срæмыгъды фæстиуæгæн Дагестаны Цумадинаг районы, хъусын кæны РИА Новости.

"Иу сывæллон фæмард, развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, астæй райстой цæфтæ, уыдонæй æртæйæ уæззау уавæры сты реанимацийы", — фехъусын кодтой Цумадинаг централон районон рынчындоны.

"Ӕстæм къласы ахуыргæнинæгтæй иу æрбахаста гранатæ. Уый фæстиуæгæн компьютерон къласы æрцыд срæмыгъд — иу сывæллон фæмард, астæй райстой цæфтæ", — фехъусын кодта Агвалинаг астæуккаг скъолайы директор Шамиль Абакаров.

Ног хабӕртты лентӕ
0