ЦХИНВАЛ, 25 апр — Sputnik. Цæгат Ирыстоны аккагдæр æвзонг прозаиктæ, поэттæ æмæ драматургтæн 10 маймæ фадат ис бавдисын сæ куыстытæ Хъамбердиаты Мысосты номыл литературон премимæ, хъусын кæны РЦИ-А культурæйы министрады сайт.
Премийы къамис исы куыстытæ ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл. Уагæвæрдмæ гæсгæ, паддзахадон преми лæвæрд цæуы 35 азы кары онг æвзонг автортæн "прозæ", "поэзи" æмæ "драматурги" номинациты.
"Хъамберидаты Мысосты паддзахадон преми лæвæрд цæуы æвзонг автортæн оригиналон литературон уацмысты, литературон сфæлдыстады ног цæстæнгас, стæй ма фæткæвæрды, удварны æмæ райгуырæн бæстæмæ уарзондзинады темæ райхалыны тыххæй", — дзырдæуы хъусинаджы.
Премимæ бавдисгæ уацмыстæ хъуамæ фыст æрцæуой фæстаг дыууæ азы. Премийы аккаг сæрмагонд къамис кæй банымайа, уыдонæн лæвæрд цæуынц Хъамберидаты Мысосты премийы лауреаты диплом æмæ майдан цытджын уавæры, уымæй дарддæр райсын æхцайы преми 50 мин сомы.
Хъамберидаты Мысосты преми лæвæрд цæуы дыууæ азы иу хатт, 2013 азæй фæстæмæ. Хорзæх кæныны церемони æрхæссынц фыссæджы рагурæн бон — 9 июньмæ.