"Ӕнæмæлгæ полк" Хуссар Иры æрæмбырд кæндзæн 5 мин хайадисæгæй фылдæр

© Sputnik / Ада Багиан"Ӕнæмæлгæ полк" Хуссар Иры
Ӕнæмæлгæ полк Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фарон Цхинвалы рахастой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты 4860 хъайтары къамтæ, ныртæккæ дæр ног къамтæ хæссынц штабмæ

ЦХИНВАЛ, 26 апр — Sputnik. Акци "Ӕнæмæлгæ полк" Хуссар Ирыстоны æрæмбырд кæндзæн фондз мин хайадисæгæй фылдæр, фаронимæ абаргæйæ, загъта Sputnik паддзахадон мадзæлтты фæдыл президенты уынаффæгæнæг Зассеты Жаннæ.

Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты ветеран парады - Sputnik Хуссар Ирыстон
Стыр Уӕлахизы цытӕн Хуссар Ирыстоны ауагъдӕуыд ӕфсӕддон парад

Фарон Цхинвалы рахастой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты 4860 хъайтары къамтæ. Ацы аз организаторты ныхæстæм гæсгæ, полк фæфылдæр 60 къамæй.

"Ӕрвылбон дæр мах исæм информаци Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджыты тыххæй республикæйы районтæй. Кæд дæрддзæф районæй нæ вæййы фадат æрцæуын, уæд сæ хæстæджытæ æмæ æввахс хиуæтты къамтæ рарвитынц сæ зонгæтæн", — дзуры Зассеты Жаннæ.

Уый банысан кодта, азы дæргъы кæй нæ нымæг кодта æфсæддон-патриотикон мадзæлтты фæдыл куыст, уый нымæцы акци "Ӕнæмæлгæ полк"-ы куыст.

"Штаб иу уысм дæр не ′рлæууын кодта йæ куыст, уый у системон архайд, кæцыйæн нæй рæстæджы æмгъуыд. Адæм исынц активон хайад, информаци цæуы республикæйы алы районтæй. Уый хуымæтæг акци нæу, фæлæ иумæйаг националон идея", — загъта паддзахадон уынаффæгæнæг.

Куыст кæд бирæ ис, уæддæр волонтеры хъуагдзинад штаб не ′ййафы, се ′ххуыс æнхъарынц республикæйы цæрджытæ, скъолаты ахуырдзаутæ, студенттæ.

Хуссар Ирыстон традицион æгъдауæй æрбамбал уыдзæн акци "Георгиаг лентæ"-мæ, кæцы ацæудзæн Уæлахизы боны агъоммæ.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0