200 уæрæсейаг æфсæддонæй фылдæр хайад райсдзысты парады Цхинвалы

© Sputnik / Ада БагианРеспубликæйы боны цытæн æфсæддон парад
Республикæйы боны цытæн æфсæддон парад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Парадон къордтæй дарддæр ма, уæрæсейаг æфсæддон базæ 9 майы ракæндзæн танктæ, фистæгæфсады машинæтæ æмæ рективон системæ "Град".

ЦХИНВАЛ, 26 апр — Sputnik. Хуссар æфсæддон зылды (ХӔЗ) Хуссар Ирыстоны уæвæг уæрæсейаг æфсæддон базæйы службæгæнджытæ райсдзысты хайад Уæлахизы Парады 9 майы Цхинвалы, фехъусын кодта РИА Новостийæн ХӔЗ-ы пресс-службæйы хистæр, булкъон Вадим Астафьев.

Ветераны на акции Знамя Победы - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Остелеком"-ы лæвар: ветерантæн æнæаргъ мобилон бастдзинад

"Хуссар Ирыстоны уæвæг уæрæсейаг æфсæддон базæйы службæгæнджытæ цæттæ кæнынц парадон дæлхайадтæ 9 майы Уæлахизы Парады хайад райсынмæ. Баиугæнды æфсæддон плацыл уагъд цæуынц парадон къордты тренировкæтæ, хайад сæ исынц 200 æфсæддон службæгæнæгæй фылдæр æмæ 10 иуæджы æфсæддон техникæ", — загъта Астафьев.

Уый ма бафтыдта йӕ ныхӕстӕм, парадон къордтæй дарддæр ма, уæрæсейаг æфсæддон базæ 9 майы ракæндзæн танктæ, фистæгæфсады машинæтæ æмæ рективон системæ "Град", хӕдтулгӕтӕ "КамАЗ" ӕмӕ"Урал".

"Уӕрӕсейаг базӕйы ӕфсӕддон оркестр цӕгъдзӕн ӕфсӕддон парадӕн, Уӕлахизы тырсайы рахӕсынӕн, парады раздзогы раныхасы ӕмӕ фистӕгӕйцӕуджыты маршы рӕстӕджы. Уыдон сӕххӕст кӕндзысты Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты дуджы 15 мелодийы", — бамбарын кодта Вадим Астафьев.

Ног хабӕртты лентӕ
0