Федсовет тобæ сæвæрдта сабиты цифрæтæ æмæ æлгъитæн ныхæстæй нæмттыл

© Sputnik / Игорь Зарембо /  Ахизын медиабанкмæСабидон тезгъойы
Сабидон тезгъойы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Ӕмбæстагон уавæрты актты фæдыл" законы, закондæтджытæ сæвæрдтой тобæ ахæм нæмтты регистрацийыл, сывæллоны ном фыст цæудзæн ныййарджыты разыдзинадмæ гæсгæ.

ЦХИНВАЛ, 26 апр — Sputnik. УФ Федерацийы Совет сæвæрдта тобæ, сывæллонæн ном дæттыны рæстæджы цифрæтæ, æлгъыст ныхæстæ æмæ нысæнттæй спайда кæныныл. Ӕмбæлон законыл сенатортæ сразы сты æртыццæджы, фехъусын кодта РИА Новости.

Ном фездӕхынӕн нал у - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ном фездӕхынӕн нал у

Закон баххӕст кодта УФ бинонты кодекс уагӕвӕрдӕй, кӕцымӕ гӕсгӕ ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн ном ӕвзаргӕйӕ "хъуамӕ ма спайда кӕной цифрӕтӕй, дамгъӕйон-цифрӕйон нысӕнттӕй, уымӕй дарддӕр ма нымӕцонтӕй, символтӕй ӕмӕ ӕндӕр нысӕнтӕй, "дефис"- ӕй дарддӕр, стӕй ма ӕвзӕр ныхӕтӕ, титултӕ ӕмӕ ранг амонӕнтӕй".

Документ ма бӕлвырд кӕны, сывӕллоны мыггаг арӕзт кӕй цӕуы ныййарджыты мыггӕгтӕй.

Законы нысан ӕрцыд, дывӕр мыггаг гӕнӕн ис ӕмӕ конд уа ӕрмӕст дыууӕ дзырдӕй, кӕцытӕ фысгӕйӕ баст уыдзысты дефисӕй.

Документы автор у сенатор Валентина Петренко.

Ног хабӕртты лентӕ
0