Тотоонты Александр: ӕппӕт Ирыстон ӕнхъӕлмӕ кæсы Хекъилаты Денизайы уӕлахизмӕ

© Катерина ТоласоваДениза Хекилаева в гостях у сенатора Александра Тотоонова
Дениза Хекилаева  в гостях у сенатора Александра Тотоонова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тотоонты Александры цæст конкурсанткæйæн бауарзта уæлахиз проект "Голос. Дети"-йы финалы æмæ йын загъта, Ирыстоны цæгат æмæ хуссары уымæн кæй ис "табугæнджыты æнæхъæн æфсад"

ЦХИНВАЛ, 27 апр — Sputnik. Проект "Голос. Дети"-йы финалисткæ Хекъилаты Дениза конкурсы размæ бон фæуазæг Федерацийы Советмæ æмæ фембæлд Цæгат Ирыстонæй сенатор Тотоонты Александримæ, радзырдтой Sputnik йæ пресс-службæйы.

Как в Цхинвале болели за участницу из Южной Осетии на проекте Ты супер! - Sputnik Хуссар Ирыстон
Куыд хæцыдысты Цхинвалы хуссарирыстойнаг хайадисæджы фарс проект "Ты супер!"-ы

Дениза йæ ныййарджытæ — Аслан æмæ Дианæимæ — федта Федерацийы Советы бæстыхай, систа къам Республикæ Цæгат Ирыстон —Аланийы тырысаимæ, уый фæстæ радзырдта Тотоонты Александрæн, куыд цыд йæ хайадист музыкалон конкурсы.

"Ӕз хъуамæ райстаин хайад æртыккаг сезоны, фæлæ мæм рад не ′рхаудта, амонджытæ сæхицæн командæтæ равзæрстой, цалынмæ æз сценæмæ рахызтæн, уæдмæ. Фæлæ мын ацы аз алцыдæр бантыст!", — загъта Дениза.

Сенаторы цæст æрыгон курдиатæн бауарзта æнтыстытæ финалы æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Ирыстоны кæйдæриддæр зоны, уыдон хъæлæс кæндзысты Денизайæн.

"Ирыстоны, куыд цæгаты, афтæ хуссары дæр, дæуæн ис табугæнджыты æнæхъæн æфсад. Де ′мзæххонтæ иууылдæр æнхъæлмæ кæсынц æмæ кувынц, цæмæй фæуæлахиз уай. Фæлæ финал куыд ацæуа, уымæ æнæкæсгæйæ, у æнæдызæрдыг — дæ сæйраг æнтыстытæ сты разæй. "Голос" у æрмæстдæр райдиан!", — загъта Тотоонты Александр.

"Голос. Дети"-йы цыппæрæм сезоны финал рацæудзæн 1 каналы комкоммæ эфиры 28 апрелы, уæлахиздзауы сбæлвырд кæндзæн телекæсджыты хъæлæсæппæрст.

Ног хабӕртты лентӕ
0