Къацты Вадим: равдыст "Фыдæлты ном арынæн" нывонд у скифтæ, сæрмæттæ æмæ алантæн

© Sputnik / личный архивХудожник Вадим Каджаев
Художник Вадим Каджаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Къацты Вадим: равдыст "Фыдæлты ном арынæн" нывонд у скифтæ, сæрмæттæ æмæ алантæн

ЦХИНВАЛ, 27 апр — Sputnik. Къацты Вадимы куыстытæн уыдзæн персоналон равдыст "Фыдæлты ном арынæн" 29 апрелы Дзæуджыхъæуы, загъта Sputnik нывгæнæг йæхæдæг.

Равдыст уагъд æрцæудзæн Тугъанты Махарбеджы номыл Цæгат Ирыстоны аивадон музейы.

Вадимы ныхæстæм гæсгæ, равдысты хайад райсдзысты 52 куысты, сæ фылдæр дзуапп дæттынц равдысты номæн æмæ æвдисынц ирæтты фыдæлты цард æмæ уавæртæ.

"Нывты фылдæр хай нывонд у ирæтты фыдæлты — скифтæ, сæрмæтты æмæ аланты цард æмæ историйæн. Кæд экспозицийы ис нырыккон нывтæ дæр, уæддæр уыдон дзуапп дæттынц равдысты номæн", — загъта Къацты Вадим.

Нывгæнæг арвыста хонæгтæ йæ райгуырæн бæстæ — Хуссар Иырстонмæ æмæ 'нхъæлмæ кæсы "равдысты фенын бирæ æмзæххонты".

© FacebookРавдыст "Фыдæлты ном арынæн"- афишæ
Афиша выставки Памяти предков - Sputnik Хуссар Ирыстон
Равдыст "Фыдæлты ном арынæн"- афишæ

Къацты Вадим у Колыты Аксойы номыл Цхинвалы аивӕдты лицейы рауагъдон.

2009 азы уый ссис Санкт-Петербургджы паддзахадон нывгӕнӕн, скульптурӕ ӕмӕ архитектурӕйы институты хуыздӕр рауагъдон. 2013 азы та Къацты Вадим ссис Санкт-Петербурджы премийы лауреат.

У Уӕрӕсейы нывгӕнджыты цӕдисы уӕнг, Хуссар Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг.

Ног хабӕртты лентӕ
0