Хуссар Иры президент банхъардта зонадæн æххуысæн фонд саразын

© Sputnik / Наталья АйриянАнатолий Бибилов
Анатолий Бибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бибылты Анатолий ауагъта йæ фыццаг официалон фембæлд Хуссар Иырстоны президенты бынаты – хайад райста ЗИИ-ы конференцийы куысты

ЦХИНВАЛ, 28 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий фембæлд зонадон интеллигенциимæ — бацыд историкон зонæдты доктор, профессор Санахъоты Мурæтæн нывонд конференцимæ Зонадон-Иртасæн институты.

Уый уыд Бибылты Анатолийы фыццаг официалон фембæлд паддзахады сæргълæууæджы бынаты.

Дни Иуане Агъуызаты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны зонад банысан кодта йӕ 95 азы юбилей

Президент æмæ хицауады пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй ма конференцийы темæтæ ссисты Ирыстоны æрбаиу æмæ интеграцийы процесстæ, паддзахадон æмæ æхсæнадон архайæг, публицист, литературон критик Байты Гаппойы архайд фæсарæнты.

"Темæты фæдыл раныхас кодтой институты директор Гаглойты Роберт, истори æмæ этнологийы хайады хистæр зонадон кусæг Пухаты Константин. Плиты Инал радзырдта Санахъоты Мурæты æхсæнадæмон архайды тыххæй, ирон-болгайраг хæларады æхсæнады сæргълæууæджы бынаты", — загътой пресс-службæйы.

Философон зонæдты кандидат Дзугаты Константины зонадон иртæст "Понятие "Окна возможностей" в интеграционно-воссоединительном процессе Осетии" йæхимæ аздæхта сæйрагдæр хъусдард. Дзугайы фырты куыст нывонд уыд 1936 азы ирон адæмы æрбаиуы фæлвæрдæн.

Конференцийы кæронбæттæны Бибылты Анатолий цыбыртæй æрдзырдта алы раныхасы фæдыл дæр æмæ банысан кодта, зонад æмæ ахуырад кæй сты абоны боны къухдариуæгады куысты приоритетон фæдыздæхтытæ.

"Зонадон æмæ ахуырадон уагдæттæ — ХИПУ, ЗИИ, Ахуырад æмæ зонады министрад хъуамæ кусой, куыд иугонд механизм æмæ кæной æнгом куыст", — загъта президент.

Уымæй дарддæр ма Бибылты Анатолий банысан кодта, кæй хъæуы саразын сæрмагонд фонд ахуырад æмæ зонады æххуысæн, уымæн æмæ паддзахадон бюджетæй цы фæрæзтæ хицæн цæуынц ацы къабазтæн, уыдон фаг не сты.

Ног хабӕртты лентӕ
0