ЦХИНВАЛ, 2 май — Sputnik. Уæрæсейы премьер-министр Дмитрий Медведев радта хæслæвæрдтæ бæрнон ведомствæтæн 24 майы онг бакусын куыстыл хæст пенсиисджытæн сæ пенситы индексацийы фарстыл, хъусын кæны РИА Новости.
"Фæллойы министрад, финансты министрад, афтæ ма экономикон райрæзты министрад æмæ Пенсион фондæн æрцыд лæвæрд хæслæвæрд куыстыл хæст пенсиисджытæн сæ пенситы индексацийы фарстыл бакусын, уый нымæцы ацы мадзалы финансон-экономикон æмæ пенсион фиддонты фæдыл уавæры комплексон анализы бындурыл æмæ иумæйагæй Уæрæсейы Федерацийы пенсион фондимæ", — дзырдæуы 2016 азы куысты фæстиуджыты фæдыл Паддзахадон Думæйы хицауады хыгъды фæдыл номхыгъды.