Виолеттайы чысыл бизнес: дидинджытæ Цхинвалы уынгтӕн

© Sputnik / Руслан ТадтаевПосадка цветов в Цхинвале
Посадка цветов в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуыбецты Виолеттайы 12 мин петунья ацы уалдзæджы сфæлыстой Цхинвалы централон уынгты газонтæ æмæ сквертæ. Горæты рæсугъд фæлысты хайбавæрд амалиуæггæнæгæн хæссы канд æхцондзинад нæ, фæлæ ма æфтиаг дæр.

ЦХИНВАЛ, 2 май — Sputnik Плиты Фатимæ. Иуазон диндинджыты амалиуæгад Хуссар Ирыстоны Хуыбецты Виолетта бакодта 2015 азы. Горæты администрацийы зæлдфæлындæн хайадимæ бадзырд æмæ 125 кв метры хъæрмуат æрæвæрдтой бындур йæ чысыл бизнесæн. Хъуыддаг райтынг ӕмӕ ацы аз чызджы амалиуæгад горæтæн радта 12 мин ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр хуызы петуньяйы.

© Sputnik / Виолетта ХубежоваДидинджытӕ Цхинвалы уынгтӕн
Цветы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дидинджытӕ Цхинвалы уынгтӕн

Цхинвал рæсугъд кæнынмæ æрвыл рагуалдзæг бавналы горæты администрацийы зæлдфæлындæн хайад. Мингай алыгъуызон дидинтæ ныссадзынц централон уынгты газонтæ æмæ скверты. Фыццаг уазӕлттӕм Цхивалы дидин фæкалынц петуньятæ, сальвиятæ, георгинæтæ, уардитæ æмæ æндæр рæсугъд зайæгойтæ.

Кæд раздæр фылдæр бæрцæй уыдон ластой Цæгат Ирыстон, Кæсæг-Балхъар æмæ æндæр республикӕтæй, уæд ныр та сæ иу стыр хай сӕндзидзы Цхинвалы.

"Мæ хæларæн Цæгат Иры ис дидинджыты бизнес, уый мын бауынаффӕ кодта ацы хъуыддагыл ныххæцын. Скодтон бадзырд горæты администрацийы зæлдфæлындæн хайадимæ, тауинаг рафыстон Голландийæ. Фыццаг къахдзæфтæ фæцъæмæл сты — куы иу мын æмбийгæ бакодтой, куы сыл цы цыд, фæлæ цадæггай куыст æрнывыл ис", — радзырдта Виолетта.

Виолеттайы хъæрмуат ис Уæллаг Гудзабары. 125 квадратон метры зæххыл схъомыл кӕны йæ дидинджыты. Фыццаг дыууæ азы йын сырӕзт 6 мины онг быны, ацы аз сæ иу ахæм фæфылдæр кодта — схъомыл кодта 12 мин фондз хуыз петуньяйы къутӕры.

"Хъайтарты уынгæй дарддæр Цхинвалы æппæт уынгтыл дæр ис мæ дидинджытæ, сæ хуызæй мæхи зæрдæ дæр райы. Дидинтыл иууыл фылдæр куыст ис зымӕгӕй рагуалдзӕгмӕ. Февралы райдайæны ныссадзын голландиаг тауинаг. Райсом бацæуын æмæ изæрмæ мæ хъæрмуатæй нæ рахизын. Мæ бинонтæ æмæ мын ме ʻмбæлттæ дæр æххуыс кæнынц", — загъта Виолетта.

© Sputnik / Виолетта ХубежоваДидинджытӕ Цхинвалы уынгтӕн
Цветы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дидинджытӕ Цхинвалы уынгтӕн

Чызг дарддæр дӕр бæллы йӕ хъуыддаг рауæрæхдӕр кæнынмӕ. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, республикæйы чысыл амалиуггæнджытæн хицауад цыдæр æххуысæй ныфс дæттынц æмæ уæд Виолетта дæр рауæрæх кæндзæн йӕ дидиндард æмæ "дзы сараздзæн ӕнӕхъӕн бизнес".

Ног хабӕртты лентӕ
0