ЦХИНВАЛ, 2 май — Sputnik. Хъæууон хæдзарады министры хæстæ æххæстгæнæг Плиты Виталийы ссæрибар кодтой ахæстæй, дыццæджы уый фæзынд йæ куысты бынаты.
Хуссар Ирыстоны ПӔК æрцахста Плиты Виталийы ивгъуыд майрæмбоны, ведомствæйы фехъусын кодтой, чиновникы ныхмæ баконд кæй æрцыд уголовон хъуыддаг "Фæлывддзинад" статьямæ гæсгæ. Плиты Виталий æмæ Хъæууон хæдзарады министрады дæлбар куыстуат "Агромпромсервис"-ы раздæры директор Джиоты Александрмæ зæрдæ æхсайы бюджетон фæрæзтæ ныппаплой кæныны хъуыддагмæ.
Плиты Виталий не ′сразы комментарий саразын Sputnik, уый банысан кодта, зæгъгæ, "кусын, куыд куыстон, афтæ".
Ратæдзæн ПӔК-ы Sputnik куыд загъта, афтæмæй министр æмæ куыстуаты раздæры директоры ауагътой сæ къухтæ æрфыссыны фæстæ, республикæйы территорийæ кæй никуыдæм ацæудзысты, уый фæдыл.
"Уголовон хъуыддаг уæззау статьяйы фæдыл баконд не ′рцыд, уый нæ рагхыгъд кæны ахæсты æнæмæнг баконд. Уымæ гæсгæ, Плиты Виталийы ауагътой къух æрфыссыны фæстæ", — загъта агентады дзырдæмбал, æмæ бафтыдта уголовон хъуыддаг дарддæр æвзæрст кæй цæуы.
Плиты Виталий лæвæрдта къухдариуæгад хъæууон хæдзарады министрадæн дыууæ хатты — 1998-2001 æмæ 2015-2017 азты.
2012-2015 азты та Плиты Виталий уыд Хуссар Ирыстоны Знауыры районы администрацийы сæргълæууæг.