Владимир Путин фембæлд Бибылты Анатолиимæ Сочийы

© Пресс-служба президента РЮО Встреча президента РФ Владимира Путина с президентом РЮО Анатолием Бибиловым
Встреча президента РФ Владимира Путина с президентом РЮО Анатолием Бибиловым - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Путин ма иу хатт раарфæ кодта йæ хуссарирыстойнаг коллегæйæн, президентæй æвзæрст кæй æрцыд, уый фæдыл æмæ банысан кодта Уæрæсе дарддæр дæр кæй æххуыс кæндзæн Хуссар Ирыстонæн

ЦХИНВАЛ, 3 май — Sputnik. Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы президенттæ Бибылты Анатолий æмæ Владимир Путин ауагътой кусæгон фембæлд Сочийы. Дыууæ бæстæйы къухдариуæггæнджытæ бафидар кодтой, дарддæр дæр кæй фæнд кæнынц дыууæварсон æмцæдисон ахастытæ фидар кæнын, хъусын кæны РХИ президенты пресс-службæ.

Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ, "æрæджы Хуссар Ирыстоны ацыдысты æндыгъд конкуренцийы уавæрты президентон æвзæрстытæ, фæлæ, æппæт проблемæтæ æмæ хицæн политикон цаутæм æнæкæсгæйæ, республикæйы æнæцудгæ сты Уæрæсеимæ ахастыстытæ, интеграци æмæ æмцæдисы райрæзты хахх.

Путин ма иу хатт раарфæ кодта йæ хуссарирыстойнаг коллегæйæн, президентæй æвзæрст кæй æрцыд, уый фæдыл æмæ банысан кодта, Уæрæсе дарддæр дæр кæй æххуыс кæндзæн Хуссар Ирыстонæн.

"Фæнды мæ раарфæ Дын кæнон æвзæрстыты хатцæгты фæдыл. Зонын æй, Ды дæ Уæрæсеимæ ахастыты райрæзты æнувыд фарсхæцæг. Нæ бæстæты ʻхсæн реализаци цæуы стратегион æмхæларады бадзырд, уырны мæ, Дæ дæлбар республикæ æппæт дæр кæй араздзæн йæ сæххæст кæнынæн", — загъта Путин.

Ног хабӕртты лентӕ
0