ЦХИНВАЛ, 3 май — Sputnik. Алагиры районон тæрхондон (Цæгат Ирыстон) банымадта аххосджыныл Хуссар Ирыстоны æмбæстаджы наркотиктæ контрабандæйы хъуыддаджы æмæ йын стæрхон кодта æртæ азы дзырдæй, хъусын кæны РЦИ-Аланийы прокуратурæйы пресс-службæ.
20-аздзыд хуссарирыстойнаг æмбæстаджы Уæрæсейы арæнгæрон управленийы кусджытæ æрцахстой фарон октябры уадзæн пункт "Дæллаг Зæрæмæджы". Контрабандæйы фæдыл информаци арæнхъахъхъæнджытæм бацыд сæ хуссарирыстойнаг коллегæтæй.
Лæмбынæг басгæрсты рæстæджы уымæ разынд æмæ байст æрцыд гæны парти, йæ иумæйаг уæз — 30 граммæй фылдæр, кæцы уый фæлвæрдта Хуссар Ирыстонмæ æрбаласын спайда кæныны нысанæн.
Тæрхондонон хъуыддаджы æрмæджыты бындурыл, Алагиры районон тæрхондон банымадта æмбæстаджы аххосджыныл æмæ йын стæрхон кодта æртæ азы ахæстоны фæбадын дзырдæй.