Цӕгат Иры бирӕсывӕллонджын бинонты ссӕрибар кӕндзысты исады хъалонӕй

Рафыссын
Инициативӕ здӕхт у Уӕрӕсейы демографион уавӕр фӕхуыздӕр кӕнынмӕ, законы проект хорзыл банымадтой Цӕгат Ирыстоны парламентаритӕ дӕр

ЦХИНВАЛ, 4 мая — Sputnik, Болататы Алина. Цӕгат Ирыстоны депутаттӕ хорзыл банымадтой федералон законы проект, кӕцы рагхыгъд кӕны бирӕсывӕллонджын бинонты ссӕрибар кӕнын физикон гоймӕгты исады тыххӕй хъалон фидынӕй. Ацы фарстмӕ ӕркастысты республикӕн парламенты радон рабадты.

"Уӕрӕсейы президенты барамындӕй фидар ӕрцыд бирӕсывӕллонджын бинонтӕн социалон ӕххуысы бӕрц. Уыимӕ иумӕ уыдонӕн ницы сӕрмагонд хъалонон уӕлбартӕ райстӕуыд", — бамбарын кодта бюджетон комитеты сӕрдары хӕдивӕг Цъӕхилты Тимур.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, инициативӕ здӕхт у Уӕрӕсейы иумӕйаг демографион уавӕр фӕхуыздӕр кӕнынмӕ — хъалонон уӕлбар фӕахъаз уыдзӕн гуырынад фӕфылдӕр кӕнынӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0