ЦХИНВАЛ, 5 май — Sputnik. Президент Бибылты Анатолий бавдыста парламентмæ Пухаты Эрикы кандидатурæ Хуссар Ирыстоны премьер-министры бынатмæ, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.
"Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы 50 статьяйы 5 пунктмæ гæсгæ, æвдисын Пухаты Эрик Георгийы фырты кандидатурæ æрæмдзых кæнынмæ, уый Республикæ Хуссар Ирыстоны хицауады сæргълæууæгæй сæвæрыны нысанæн", — дзырдæуы президенты æрбавдысты парламенты спикеры х. æ. Мамиты Иналы адресыл.
Парламентæн ис иу къуыри премьеры кандидатурæмæ æркæсынмæ.
Хуссар Ирыстоны хицауад суæгъд кодта йе ′ххæстбартæ 24 апрелы, ног президент Бибылты Анатолий йæ бынатмæ куы бахызт, уымæй æртæ боны фæстæ. Министрæдты сæргълæуджытæ æххæст кæндзысты сæ хæстæ ног командæйы сырæзты онг.
Биографион справкæ
Пухаты Эрик Георгийы фырт райгуырд 1957 азы 5 майы РХИ-ы Знауыры районы Схлиты хъæуы.
1982 азы каст фæцис Хуссар Ирыстоны паддзахадон педогогон институты "Математикæ æмæ физикæ"-йы факультет.
Фæллойадон архайды рæстæджы куыста Цхинвалы консерваразæн заводы, каст лекцитæ ХИПУ-ы.
2005 азы слæууыд РХИ Паддзахадон статистикæйы управленийы сæргъ.
2014 азы апрелы нысан æрцыд РХИ хицауады сæргълæууæджы хæдивæгæй.
Хорзӕхджын у Хуссар Ирыстоны майданӕй "Фӕллойады сгуыхтдзинад", Днестргӕрон Молдаваг республикӕйы майданӕй "Ӕхсӕнадӕмон ӕмгуыстады фидар кыныны тыххӕй".
Ис ын бинонтӕ, ӕртӕ хъӕбулы.