Президент йӕ администрацийы сӕргъ сӕвӕрдта Козаты Игоры

© Sputnik / Михаил ХасиевПравительство Южная Осетия
Правительство Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президент йӕ администрацийы хистӕрӕй снысан кодта Козаты Игоры, кӕцы раздӕр уыд йе 'взӕрстагъоммӕ штабы сӕргълӕууӕг

ЦХИНВАЛ, 5 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий йӕ администрацийы къухдариуӕггӕнӕгӕй снысан кодта Козаты Игоры, фехъусын кодтой Sputnik паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕйы.

Уымӕй размӕ ма президент бавдыста парламентмæ Пухаты Эрикы кандидатурæ Хуссар Ирыстоны премьер-министры бынатмæ.

© FacebookКозаты Игорь
Игорь Козаев  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Козаты Игорь

Биографион справкӕ

Козаты Игорь Вахтангы фырт, райгуырд 5 марты1970 азы горӕт Рустауы.

1988 азы ахуырмӕ бацыд Донецкы уӕлдӕр ӕфсӕддон-политикон ахуыргӕнӕндонмӕ.

1992 азы августӕй 1993 азы марты онг службӕ кодта УФ хъахъхъӕнынады министрады, горӕт Дзӕуджыхъӕуы ротӕйы командиры хӕдивӕджы бынаты.

2004 ӕмӕ 2008 ӕзты активон хайад иста Гуырдзыстоны агресси ныхмӕлӕуд раттыны.

2007 азы мартæй 2008 азы октябрьмæ службæ хаста Сабырад бахъахъхъæныны фæдыл æмхæццæ тыхты фидауынгæнджыты сконды гуырдзиаг-ирон хъаугъайы зонæйы.

2008 азы октябрæй кусы РХИ УУМ-ы, æхсæнадæмон æмгуыстады хайады гæсæй.

Исын паддзахадон æмæ ведомствæйон хорзæхтæ.

У РПП "Иугонд Ирыстоны" политсоветы уæнг.

Ис ын бинонтæ, дыууæ сывæллоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0