ЦХИНВАЛ, 8 май — Sputnik. Францы президентон æвзæрстыты уæлахиздзау ссис æзмæлд "Вперед"-ы бындурæвæрæг Эммануэль Макрон, уый рамбылдта хъæлæсæппæрсты дыккаг туры 66,06% хатдзæгтимæ, хъусын кæны РИА Новости бæстæйы МХМ бæрæггæнæнтæ.
Бæрæггæнæнтæ сты бюллетенты 99,99% фæстиуджытæм гæсгæ. 35,4 милуан бюллетенты хатдзæгтæм гæсгæ, Макронæн схъæлæс кодтой 20,7 милуан адæймаджы.
Парти "Национальный фронт"-ы раздзог Марин Ле Пен та райста 10,6 милуан хъæлæсы.
Ныр Францы æнхъæлмæ кæсынц, Конституцион совет кæй бафидар кæндзæн хъæлæсæппæрсты хатдзæгтæ къуырийы астæу.