Стыр Уӕлахиз: Ӕнусон артмӕ Цхинвалы сӕвӕрдтой Кады гирляндӕ

© Sputnik / Наталья АйриянВозложение 8 мая
Возложение 8 мая - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сæдæгай адæймæгтæ æрбацыдысты Ӕнусон арты цурмӕ XX æнусы иууыл тугкалæндæр хæсты ветерантӕн скад кæнынмæ

ЦХИНВАЛ, 8 май — Sputnik. Цхинвалы Хъайтарты аллейыл Ӕнусон арты цур къуырисӕры сӕвӕрдтой Кады гирляндӕ. Церемони уагъд ӕрцыд Стыр Уæлахизыл 72 азы сыххæсты цытæн мадзæлтты фæлгæтты.

Сæдæгай адæймæгтæ æрбацыдысты XX æнусы иууыл тугкалæндæр хæсты ветерантӕн скад кæнынмæ. Æнусон арты цур сæвæрдтой диндинтæ ӕмӕ иу уысм æдзæмæй алæугæйæ ссардтой хæсты амæттæгты рухс нæмттæ. Æрæмбырдуæвджыты раз раныхас кодтой президент Бибылты Анатолий æмæ СФХ ветеран Дзеранты Шота.

© Sputnik / Наталья АйриянСтыр Уӕлахиз: Ӕнусон арт Цхинвалы
Возложение 8 мая - Sputnik Хуссар Ирыстон
Стыр Уӕлахиз: Ӕнусон арт Цхинвалы

Мадзалы кæрон митинджы архайджыты æрхуыдтой Стыр Уæлахизæн нывонд парадмæ, кæцы ацæудзæн дыццæджы Цхинвалы Театралон фæзуаты.

Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕстмӕ Хуссар Ирыстонӕй ацыд цӕрджыты ӕртыккаг хай — 20 мин адӕймагӕй фылдӕр. Хӕсты быдыры фӕмард ис 11 мин адӕймагӕй фылдӕр, 7 мин адӕймаджы хъысмӕт та абон дӕр бӕрӕг нӕу.

Ныридӕгӕн ма республикӕйы сӕрӕгас сты 39 ветераны.

Ног хабӕртты лентӕ
0