ЦХИНВАЛ, 8 май — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссар Ирыстоны Присы хъæуæй Стыр Фыдыбæстæйон хæсты архайджытæ, хъайтартæ æмæ цæрджытæн цырт бакæнын церемони уагъд æрцыд къуырисæры.
Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Фæуæлахизы 72 азы цытæн республикæйы уагъд цæуынц бæрæгбонон мадзæлттæ.
Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий йæ раныхасы æрсидт ветерантæм æмæ сын загъта бузныг сæ хайбавæрды тыххæй Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæуæлахизмæ.
"Ам чысыл комплекс саразыны хъæппæрис æрцыд Присы цæрджыты хъуыдыйы. Мæнæн æхсызгон у, адæм кæй нæ уадзынц рохуаты æмæ кæй цыт кæнынц нæ хъайтартæ, ветерантæн. Фæсивæдон организацийы минæвæрттæ сарæзтой æппæт дæр, цæмæй абон мах уæм ацы бæрæгбоны. Нæ хъайтарты мах мысæм рæстæгæй рæстæгмæ нæ — сæ нæмттæ цæрдзысты æнустæм. Ӕз дæн æгæрон бузныг ветерантæй сæ æнæаргъ хайбавæрды тыххæй уæлахизы хъуыддагмæ", — загъта президент.
Ветеранты Советы сæргълæууæг Бесаты Вячеслав ныхæстæм гæсгæ, фæсивæдон организаци "Иугонд Алани"-йы минæвæрттæ уыдонæй куырдтой уынаффæ мемориалон комплексы бынаты фæдыл.
"Фæсивæды минæвæрттæ нæм æрбацыдысты уынаффæмæ. Куыддæр бафарстой, кæм хуыздæр уыдзæн мемориал сæвæрын, уæд бæрæг уыд —Присы хъæуы, цы ран хæсты рæстæджы бабын сты не ′мзæххонтæй бирæтæ. Афæдзмæ цырт арæзт æрцыд æмæ мах стæм бузныг фæсивæды минæвæрттæ æмæ президентæн ацы хъуыддаджы тыххæй", — загъта Бесаты Вячеслав.
Мемориал æрбайгомы церемонийы райстой хайад хæсты ветерантæ,культурæйы минæвæрттæ, политикон æмæ æхсæнадон архайджытæ. Уыдон иу уысм æдзæмæй алæугææй ссардтой бабынуæвджыты рухс нæмттæ æмæ сæвæрдтой дидинтæ цыртмæ.
Мемориалон комплекс сæвæрдта фæсивæдон организаци "Иугонд Алани" Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы æххуысæй.