Хуссарирыстойнаг театр Дзӕуджыхъӕуы равдисдзӕн дыууæ спектаклы

© Sputnik / Алексей КовалевСпектакль 16 лет
Спектакль 16 лет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыууæ боны дæргъы дзæуджыхъæуккаг кæсæгæн фадат уыдзæн фенын комеди "Бынатмæ бырæг" æмæ трагеди "Фандо ӕмӕ Лис".

ЦХИНВАЛ, 11 май — Sputnik. Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры труппӕ дыууæбонон гастрольты ацæудзæн Дзæуджыхъæумæ. Ирон театры сценæйыл 17-18 майы уый равдисдзӕн дыууæ спектаклы, фехъусын кодта Sputnik театры пресс-секретарь Бекъойты Хох.

"Дыууæ боны дæргъы — 17 ӕмӕ 18 майы дзæуджыхъæуккаг кæсæгæн фадат уыдзæн фенын комеди "Бынатмæ бырæг" æмæ трагеди "Фандо ӕмӕ Лис", — загъта Хох.

Трагеди "Фандо ӕмӕ Лис" ивгъуыд аз сæвæрдта æвзонг режиссер, Щукины номыл театралон ахуыргӕнӕндоны студент Ян Яновский. Спектакль æвæрд æрцыд Фернандо Аррабалы уацмысмӕ гæсгæ. Ирон æвзагмæ йæ ратӕлмац кодта Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист Бибылты Сослан.

Комеди "Бынатмæ бырæг" та æвæрд æрцыд 2015 азы режиссер Дзуццаты Тамерланы къухдариуæгады бын Жан-Батист Мольеры уацмыс "Мещанин во дворянстве"-мӕ гæсгæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0