ЦХИНВАЛ, 11 май — Sputnik. Хуссар Ирыстон æмæ Донецкаг адæмон республикæ цыппæрæмы бафыстой хæларад, æмгуыстад æмæ кæрæдзийæн æххуысы фæдыл бадзырд, фехъусын кодтой Sputnik РХИ президенты пресс-службæйы.
Бадзырд бафыстæуыд Донецкы. Документыл сæ къухтæ бафыстой РХИ æмæ ДАР-ы сæргълæуджытæ Бибылты Анатолий æмæ Александр Захарченко.
Пресс-службæйы банысан кодтой, бадзырд бафыст кæй æрцыд "ДАР æмæ Хуссар Ирыстоны ахастытæ ног æмвæзадмæ ракæныны нысанæн æмæ дыууæ бæстæты цæрджыты бындурон националон интерестæ хынцгæйæ".
Документ конд у 23 статьяйæ, уыдон агайынц æддагон политикæ, экономикæ, базарад, фыдракæндтимæ тохы, культурæ æмæ ахуырады къабазты æмгуысткæнынад.Президенты пресс-службӕйы бамбарын кодтой, документ фидар кӕй ӕрцыд дӕс азы ӕмгъуыдмӕ йӕ дарддӕры пролонгацийы гӕнӕнимӕ. Уый ма хъавынц баххӕст кӕнын хицӕн бадзырдтӕй дӕр.
Хуссар Ирыстоны делегации ацыд Донецкмӕ ДАР хӕдбардзинад расидыныл ӕртӕ азы сӕххӕсты сӕраппонд бӕрӕгбонмӕ.
Балцы фӕлгӕтты ма бафыст ӕцӕудзӕн протокол РХИ ӕмӕ ДАР ӕхсӕн дипломатон ахастытӕ сфидар кӕныны фӕдыл.
Растдӕр ӕртӕ азы размӕ, 2014 азы 11 майы Украинӕйы Донецкаг областы бирӕ цӕрӕн пунктты уагъд ӕрцыд референдум регионты хӕдуагӕвӕрды фӕдыл.
Хуссар Ирыстон ДАР ӕмӕ ЛАР-ы хӕдбардзинд банымадта 2014 азы. Цхинвал ӕмӕ Донбассы республикӕты ӕхсӕн фидар ӕрцыдысты дипломатон ахастытӕ.