Уæлахизы бон Хуссар Ирыстоны æрурæдтой гуырдзиаг арæнсæттæджы

© Sputnik / Евгений Епанчинцев /  Ахизын медиабанкмæНа участке границы с Казахстаном в Алтайских горах
На участке границы с Казахстаном в Алтайских горах - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арæнхъахъхъæнджыты къорд æрурæдта Квешийы хъæуккаг, 47-аздзыд Коба Хубулашвилийы, кæцымæ ницы документтæ разынд, хъусын кæны ПӔК

ЦХИНВАЛ, 11 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны арæнхъахъхъæнджытæ æрурæдтой Гуырдзыстоны æмбæстаджы паддзахадон режим фехалыны тыххæй, хъусын кæны Паддзахадон æдасдзинады комитеты пресс-службæ.

"9 майы РХИ æмæ Гуырдзыстоны паддзахадон арæны фадыгыл Цхинвалы районы Арцеуы хъæуы цур, паддзахадон режим фехалыны тыххæй арæнхъахъхъæнджыты къорд æрурæдта Гуырдзыстоны æмбæстаг Гуры районы Квешийы хъæуккаг, 1970 азы гуырд Коба Хубулашвилийы", — дзырдæуы ПӔК-ы хъусынгæнинаджы.

Уагдоны бамбарын кодтой, арæнсæттæгмæ кæй ницы документтæ разынд, уымæ гæсгæ ПӔК-ы Арæнгæрон службæ бæлвырд кæны фæткхалæджы гоймагдзинад.

Ног хабӕртты лентӕ
0