ЦХИНВАЛ, 11 май — Sputnik. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеславы фæхуыдтой хистæркъласонты популярон интеллектуалон
телевикторинæ "Умники и умницы"-йы хайад райсынмæ, хъусын кæны РЦИ-А сæргълæууæджы пресс-службæ.
Битарты Вячеславы алæвæрдмæ æрхуыдта Ӕппæтуæрæсейон гуманитарон олимпиадæйы автор æмæ æнæаивгæ амонæг Юрий Вяземский.
Республикæйы разамонæг алæвæрды архайдта ареопагы тæрхонгæнæджы хуызы.
Хъазт нывонд уыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъайтартæн, ахуырдзаутæ дзуаппытæ лæвæрдтой фарстытæн темӕ "Сгуыхт раздзогтæ"-йы фæдыл.