Хуссар Ир æмæ Уæрæсейы æхсæн пенсион бадзырд бацыд йæ тыхы

© Sputnik / Владимир Трефилов /  Ахизын медиабанкмæДенежные купюры и монеты России
Денежные купюры и монеты России - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бадзырд ратдзæн фадат УФ-йы æмбæстæгтæй иудадзыг РХИ-йы территорийыл чи цæры, уыдон пенситыл схæцын ЦКФЗ-ы æмвæзады онг

ЦХИНВАЛ, 12 май — Sputnik. Бацыд йæ тыхы Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æхсæн республикæйы иудадзыг цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгты пенсион ифтонгады тыххæй бадзырд, хъусын кæны Мæскуыйы уæвæг хуссарирыстойнаг дипломатон уагдоны пресс-службæ.

Президент РФ Владимир Путин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Путин сратификаци кодта Хуссар Иримӕ пенсион бадзырд

Минæвæрады куыд банысан кодтой, афтæмæй майрæмбоны уагъд æрцыд 2016 азы 25 ноябры Мæскуыйы бафыстгонд бадзырды фæдыл ратификацион грамотæтæ кæрæдзимæ раттыны церемони. Мадзал уагъд æрцыд Уæрæсейы ФХМ-ы, Хуссар Ирыстоны минæвар Гасситы Знауыр æмæ уæрæсейаг дипломатон ведомствæйы сæргълæууæджы хæдивæг Григорий Карасины хайадистæй.

"Бадзырд ратдзæн фадат УФ-йы æмбæстæгтæй иудадзыг РХИ-йы территорийыл чи цæры, уыдон пенситыл схæцын Цæгат-Кавказаг Федералон зылды пенсион ифтонгады æмвæзады онг", — дзырдæуы хъусинаджы.

Документ Хуссар Ирыстоны парламент сратификаци кодта 2016 азы 29 декабры, Уæрæсейы Федерацийы Федералон æмбырд та 2017 азы 3 апрелы æмæ йæ тыхы бацыд ратификацион грамотæтæ кæрæдзимæ раттыны фæстæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0