Ис гæнæн æмæ XVI æнусы хæзна Пречистенкæйы бамбæхста азартон хъазæг, загъта журналисттæн Мæскуыйы культурон бынты департаменты къухдариуæггæнæг Алексей Емельянов.
"Ис алыгъуызон хъуыдытæ, ацы хæзнайæ куыд спайдагонд цыд. Зæгъæм, шахмæттæ сты азартон хъазт, æмæ цæмæй æхцатæ дарæсы кæнæ чыссæйы ма хастаид, уый тыххæй сæ дардта фигурæты, цæмæй йæхи бахъахъхъæна фыдбылызджын адæмæй æмæ йын фембылды рæстæджы та уа фадат хæс бафидын", — загъта Емельянов.
Уæды рæстæджы Пречистенка уыд Мæскуыйы фæсгорæт териттори. Ис зæгъæн æмæ уым уыд трактир, цы ран уыдысты ацы шахмæттæ æмæ хицæуттæ афтæ дардтой сæ æвæрд æхца, бафтыдта Емельянов.
Ацы æхцайæ балхæнæн уыдис фондз хъазы, науæд та иу пут цъой кæнæ æрдæг æфсæн гуыдыры, загъта фирмæ "Археологические изыскания в строительстве"-йы генералон директор Владимир Беркович.