ЦХИНВАЛ, 12 май — Sputnik. Хуссар Ирыстон æмæ Донецкаг адæмон республикæйы æхсæн бадзырд нæу здæхт æртыккаг бæстæты ныхмæ — йæ нысан у республикæты цæрджыты фæрныгад фæхуыздæр кæнын, фехъусын кодта РХИ президент Бибылты Анатолий "Россия — Донбасс"-ы интеграцион комитеты рабадты рæстæджы Донецкы.
Майрæмбоны Бибылты Анатолий райста хайад комитет "Россия — Донбасс"-ы рабадты. Раздæр, цыппæрæмы уый бафыста ДАР-ы сæргълæууæг Александр Захарченкоимæ бафыста республикæты æхсæн хæларад æмæ æмгуыстады фæдыл бадзырд.
"Донецкаг адæмон республикæйы экономикон æмгуыстад Уæрæсейы Федерацийы территоритимæ рæвдз æрцыд советон дуджы, бастдзинæдтæ баззадысты æмæ Донбассæн нæ спайда гæнæн нæй ацы бастдзинæдтæй. Бадзырд бафыссыны фæстæ Хуссар Ирыстон дæр ахъаз уыдзæн ДАР-ы экономикæйы райрæзтæн", — хъусын кæны президенты ныхæстæ йæ пресс-службæ.
Уый ма банысан кодта, ДАР æмæ ЛАР кæй араздзысты иумæйаг куыстуæттæ, базарадон хæдзæрттæ, цæмæй экономикон ахастытæ рахизой ног æмвæзадмæ.
Интеграцион комитеты хайадисджыты сконды сты Уæрæсейы Федерацийы æхсæнадон æмæ политикон архайджытæ, УФ-йы субъектты минæвæрттæ, ДАР æмæ ЛАР-ы минæвæрттæ.