ЦХИНВАЛ, 17 май — Sputnik. Рио-де-Жанейройы Олимпиаг хъæзтыты уæлахиздзау уæгъдибар хъæбысхæстæй Рæмонаты Сосланæн сарæзтой операци менискыл, уый тыххæй рауадздзæн уæрæсейаг чемпионат июны, фехъусын кодта Р-Спорт спортсмены тренер Мæргъиты Анатолий.
"Сосланæн мæйы размæ сарæзтой операци менискыл. Хъыгагæг, Уæрæсейы чемпионатмæ Цæцæны уымæн нал ис рæстæг хи бацæттæ кæнынæн. Уый кусы индивидуалонæй, фæлæ хъæуы рæстæг, цæмæй йæ уæнгбæттæнтæ байгас уой. Уымæ гæсгæ, æвæццæгæн чемпионаты хайад нæ райсдзæн. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, июлæй раздæр Сослан нæ рахиздзæн гауызмæ", — загъта спортсмены тренер.
Рамонов рамбылдта Олимпиаг хъæзтыты-2016 65 кг онг уæзы категорийы. Уый ма у дунейы чемпион æмæ дунейон чемпионаты бронзæйон призер.