Цæгат Иры æрцахстой сылгоймаджы, кæцы бафæлвæрдта йæ лæппуйы ауæй кæнын

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæНаручники на двери клети для скамьи подсудимых
Наручники на двери клети для скамьи подсудимых - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ноггуырд лæппуйы уæй кæнынмæ зæрдæ æхсайы æртæ адæймагмæ – сывæллоны ныййарæг æмæ дыууæ æхсæнылæгмæ

ЦХИНВАЛ, 18 май — Sputnik. Цæгат Ирыстоны тæрхондон аскъуыддзаг кодта ахæсты бакæнын сылгоймаджы, кæцы сразы ис йæ сывæллоны ауæй кæнын, хъусын кæны Уæрæсейы СК регионалон управлени.

Сотрудник правоохранительных органов у здания Главного следственного управления Следственного комитета РФ по Москве - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæгатирыстойнаг æртæ сылгоймаджы бафæлвæрдтой ноггуырд сывæллоны ауæй кæнын

Фæдагуырды версимæ гæсгæ, 2017 азы апрелы райдианы азымгондтæй иу сразы кодта йæ æвгъæдджын æмбалы, кæцы æвзæрста материалон зындзинæдтæ, цæмæй йæ сывæллон куы райгуыра, уæд æй ауæй кæной æмæ æхца та адих кæной. Сылгоймаг сразы ис.

Ӕлхæнджыты роль ахъазыдысты барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ, кæцытæ бадзырдтой сывæллоны 330 мин сомæй балхæнын.

Майы мæйы, сывæллон куы райгуырд, уæд азымгæндтæ радтой ноггуырд лæппуйы æнæцот бинонтæн, суммæйы хай — 100 мин сом райсгæйæ æмæ сæ уæд æрцахстой оперативон кусджытæ.

Слестгæнæн управлени куыд хъусын кæны, афтæмæй тæрхондон рахаста уынаффæ ноггуырды мады ахæсты бакæнын, дыууæ æхсæнылæгты та хæдзарон ахæсты бакæнын, æнахъом сывæллæтты сын кæй ис, уый хатырæй.

Фыдгæнджытæ сæ аххосыл сæттынц. Ӕввахс рæстæджы сын рахаст æрцæудзæн тæрхон сывæллон уæй кæныны хъуыддаджы фæдыл, банысан кодтой фæдагурджытæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0