00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
Главные темы
08:00
3 Мин
Главные темы
08:30
3 Мин
Главные темы
09:00
3 Мин
Главыне темы
09:30
3 Мин
Утро на Спутнике
09:37
18 Мин
Утро на Спутнике
13:00
60 Мин
Главные темы
17:00
3 Мин
Главные темы
17:30
3 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

МХМ фехъусын кодта Дзæуджыхъæуы трагедийы аххосджыны ном

© Sputnik / Алина Болатаева Стоянка маршруток во Владикавказе
Стоянка маршруток во Владикавказе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
ФТЦ-ы аххосджын, кæцыйы рæстæджы фæмард 6-аздзыд чызг, гæнæн ис æмæ уыд Дзæуджыхъæуы цæрæг сылгоймаг, кæцы бадт фæсарæйнаг машинæйы рулыл, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны МХМ

ЦХИНВАЛ, 18 май — Sputnik, Болататы Алина. Дзæуджыхъæуы фæндагон фыдбылызы, цы ран фæмард 6-аздзыд чызг, развæлгъау информацимæ гæсгæ, ис гæнæн æмæ аххосджын уыд рог машинæйы шофыр, кæцы нæ радта фæндаг маршрутон автобусæн, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны МХМ-ы пресс-службæ.

Скорая помощь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Амард Дзæуджыхъæуы аварийы бахауæг сывæллон

Трагеди æрцыд æртыццæджы Дзæуджыхъæуы, Костайы проспектыл Мыхуыры хæдзары цур. Дыууæ машинæйы кæрæдзи куы скъуырдтой, уæд маршруткæ фæфæлдæхт. Дыууæ адæймаджы фесты уæззау цæфтæ: маршрутон таксийы шофыр æмæ 6-аздзыд чызг, кæцыйы тынг уæззау уавæры аластой сывæллæтты республикон клиникон рынчындонмæ. Фæлæ йын дохтырты бон баххуыс кæнын нал баци, уый амард реанимацийы.

"Автомашинæ "Опель Астра"-йы шофыр, Дзæуджыхъæуы 30-аздзыд цæрæг, фæндагон уагæвæрды домæнтæ фехалыны фæстиуæгæн, сæмбæлд автомашинæимæ "ГАЗ-322132", — дзырдæуы МХМ-ы хъусинаджы.

Цæгат Ирыстоны МХМ-ы слестгæнæн управлени бакодта уголовон хъуыддаг.

Ног хабӕртты лентӕ
0