Фæстаг дзæнгæрæг хуссарирыстойнаг рауагъдонтæн айзæлдзæн 27 майы

© Sputnik / Алексей КовалевПоследний звонок
Последний звонок - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Скъолайæн хæрзбон зæгъдзысты 453 рауагъдоны

ЦХИНВАЛ, 18 май — Sputnik, Хъотайты Мария. Ахуырады министрад рахаста уынаффæ фæстаг дзæнгæрæг республикæйы 453 рауагъдонæн ауадзын 27 майы, уымæн æмæ скъолайæн хæрзбон зæгъыны традицион датæ ацы аз æрхауд динон бæрæгбонмæ.

День знаний в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны райстой ног программæ фæсивæды хъомылады фæдыл

"Ӕрвылаз дæр скъолайæн хæрзбон зæгъынц 25 майы. Фæлæ ацы аз къæлиндармæ гæсгæ æрхауд Зæрдæвæрæн, кæцы Хуссар Ирыстоны нысан кæнынц уæрæхæй. Уымæ гæсгæ, Ахуырады министрады коллеги рахаста уынаффæ фæстаг дзæнгæрæг 27 майы ауадзын", — загътой уагдоны.

Уымæй дарддæр ма, фæстаг дзæнгæрæджы датæ ахæссыны аххосæг ссис уый æмæ ахуыры азы дæргъы, коллегийы хъуыдымæ гæсгæ, улæфт бонты нымæц уыд бирæ.

"Законмæ гæсгæ ахуыры аз хистæр кълæсты ахуырдзаутæн хъуамæ 34 къуырийæ къаддæр ма уа. Ацы аз уыд бирæ улæфт бонтæ, æмæ ахуыры нывæзт сæххæст кæныны нысанæн адарддæр кодтам ахуыр", — бафтыдтой министрады.

Ныртæккæ рауагъдонтæ сæхи цæттæ кæнынц хатдзæгон фæлварæнтæм.

Рауагъдон бал уагъд æрцæудзæн фæлварæнтæ раттыны фæстæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0