Национ музейы йæ дуæрттæ бакодта изæры аст сахатыл.
Уазджытæн, кæцытæ ацы аз уыдысты цалдæр сæдæйы, æрцæттæ кодтой уæлибыхтæ. Афтæ ма акцийы хайадисджытæн æрцæттæ кодтой æцæг ирон бæгæны, кæцы тынг фæцыд уазджыты зæрдæмæ.
Программæйæн йæ зынгæдæр хай уыд, кæй зæгъын æй хъæуы, "цыкурайы фæрдыг", кæцыйæн ис алæмæттаг тых. Уый равдисынц æрмæстдæр иу хатт афæдзы мидæг, кæй фæнды, уымæн вæййы фадат бацæуын æмæ йыл арм авæрын, фæндтæ сæххæсты ныфсæн.
Музеймæ æрбацыд президент Бибылты Анатолий дæр, кæцы раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн æмæ загъта, ацы традицион акци кæй цайдагъ кæны адæмы, уæлдайдæр та фæсивæды, культурæ æмæ адæмон хæзнатыл.
© Sputnik / Наталья АйриянӔгæрыстæмæй иудадзыгон уазджытæ дæр райстой егъау æхцондзинад музейы æхсæвæй.
1/16
© Sputnik / Наталья Айриян
Ӕгæрыстæмæй иудадзыгон уазджытæ дæр райстой егъау æхцондзинад музейы æхсæвæй.
© Sputnik / Наталья АйриянУазджытыл æмбæлдысты ирон уæлибыхтимæ.
2/16
© Sputnik / Наталья Айриян
Уазджытыл æмбæлдысты ирон уæлибыхтимæ.
© Sputnik / Наталья АйриянСылгоймæгтæ цæттæ кодтой националон къæбицы хæринæгтæ. Къамыл æвдыст у дзыкка аразыны процесс, кæцы аразынц цыхт æмæ ссадæй.
3/16
© Sputnik / Наталья Айриян
Сылгоймæгтæ цæттæ кодтой националон къæбицы хæринæгтæ. Къамыл æвдыст у дзыкка аразыны процесс, кæцы аразынц цыхт æмæ ссадæй.
© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстоны территорийыл уæвæг хъæддаг сырдты муляжтыл уæлдай тынгдæр цин кодтой сабитæ.
4/16
© Sputnik / Наталья Айриян
Хуссар Ирыстоны территорийыл уæвæг хъæддаг сырдты муляжтыл уæлдай тынгдæр цин кодтой сабитæ.
© Sputnik / Наталья Айриян9 майы музейы къухдариуæгад æрбайгом кодта ног объект – сыджыткъæс Стыр Фыдыбæстæйон хæсты заманы æрмæджытимæ.
5/16
© Sputnik / Наталья Айриян
9 майы музейы къухдариуæгад æрбайгом кодта ног объект – сыджыткъæс Стыр Фыдыбæстæйон хæсты заманы æрмæджытимæ.
© Sputnik / Наталья АйриянӔрчъитæ. Ӕрвылбонон къахдарæс, кæцы дардтой XX æнусы райдианы онг.
6/16
© Sputnik / Наталья Айриян
Ӕрчъитæ. Ӕрвылбонон къахдарæс, кæцы дардтой XX æнусы райдианы онг.
© Sputnik / Наталья АйриянӔрыгон уазджытæ истой экспонатты къамтæ.
7/16
© Sputnik / Наталья Айриян
Ӕрыгон уазджытæ истой экспонатты къамтæ.
© Sputnik / Наталья АйриянӔрыгон куртиатджын ахитектор Дзигойты Карина дæр уыд мадзалы уазджыты æхсæн.
8/16
© Sputnik / Наталья Айриян
Ӕрыгон куртиатджын ахитектор Дзигойты Карина дæр уыд мадзалы уазджыты æхсæн.
© Sputnik / Наталья АйриянЗындгонд "цыкурайы фæрдыг", кæцы адæмы æхсæн нымад цæуы алæмæттагыл.
9/16
© Sputnik / Наталья Айриян
Зындгонд "цыкурайы фæрдыг", кæцы адæмы æхсæн нымад цæуы алæмæттагыл.
© Sputnik / Наталья АйриянФаронимæ абаргæйæ ацы аз музейты æхсæв æрæмбырд кодта фылдæр уазджытæ.
10/16
© Sputnik / Наталья Айриян
Фаронимæ абаргæйæ ацы аз музейты æхсæв æрæмбырд кодта фылдæр уазджытæ.
© Sputnik / Наталья АйриянПрезидент Бибылты Анатолийæн уыд удцырынгæнæг раныхас музейы æмæ Ирыстоны сомбоны тыххæй.
11/16
© Sputnik / Наталья Айриян
Президент Бибылты Анатолийæн уыд удцырынгæнæг раныхас музейы æмæ Ирыстоны сомбоны тыххæй.
© Sputnik / Наталья АйриянНационалон кафт изæры уазджытæн.
12/16
© Sputnik / Наталья Айриян
Националон кафт изæры уазджытæн.
© Sputnik / Наталья АйриянСкъоладзаутæ бацæттæ кодтой уазджытæн зарджытæ патриотикон темæйыл.
13/16
© Sputnik / Наталья Айриян
Скъоладзаутæ бацæттæ кодтой уазджытæн зарджытæ патриотикон темæйыл.
© Sputnik / Наталья АйриянМадзалы уазджытæй бирæтæ истой сæ къамтæ алæмæттаг "Цыкъурайы фæрдыджы" фоныл, кæцы ссис изæры æцæг фæлындæн.
14/16
© Sputnik / Наталья Айриян
Мадзалы уазджытæй бирæтæ истой сæ къамтæ алæмæттаг "Цыкъурайы фæрдыджы" фоныл, кæцы ссис изæры æцæг фæлындæн.
© Sputnik / Наталья АйриянЭкспонаты æхсæн ис бирæ рагон националон инструменттæ, куыд хъисын фæндыр.
15/16
© Sputnik / Наталья Айриян
Экспонаты æхсæн ис бирæ рагон националон инструменттæ, куыд хъисын фæндыр.
© Sputnik / Наталья АйриянМадзалы уыд тынг бирæ зонынуарзаг æрыгон уазджытæ.
16/16
© Sputnik / Наталья Айриян
Мадзалы уыд тынг бирæ зонынуарзаг æрыгон уазджытæ.