ЦХИНВАЛ, 19 май — Sputnik. Тбилис æгæр райдыдта хæрамиуæг кæнын Гуырдзыстоны хъæппæристы æгæрон æххуысæй æхсæнадæмон аренæйыл, уый нымæцы женеваг дискусситы фæдыл æхсæнадæмон æхсæнылæгты æрдыгæй, фехъусын кодтой майрæмбоны Хуссар Ирыстоны ФХМ-ы.
Дипломатон ведомствæ ралæууыд уынаффæимæ Гуырдзыстоны скандалы фæдыл, кæцы анæрыд женеваг дискусситы æмсæрдæртты делегацийы æмæ Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы фембæлды фæстæ. Фембæлды рæстæджы, дыццæджы 16 майы, женеваг дискусситы æмсæрдар Евроцæдисæй Герберт Зальбер раарфæ кодта Бибылты Анатолийæн президентон æвзæрстыты фæуæлахизы фæдыл.
"Зальберы дипломатон уæздандзинад Гуырдзыстоны банымадтой, зæгъгæ, Евроцæдис гадзрахатæй рацыд сæ интерестыл", — банысан кодтой Хуссар Ирыстоны ФХМ-ы.
Ведомствæйы банысан кодтой, зæгъгæ, Гуырдзыстон "æгæр райдыдта хæрамиуæг кæнын Гуырдзыстоны хъæппæристы æгæрон æххуысæй æхсæнадæмон аренæйыл, уый нымæцы женеваг дискусситы фæдыл æхсæнадæмон æхсæнылæгты æрдыгæй, кæцытæ хъуамæ ахсой нейтралон позици гуырдзиаг-ирон ахастытæ æрнывыл кæныны процессы".
Официалон Тбилис æртыццæджы фехъусын кодта, зæгъгæ, нымайы Евроцæдисы минæвар Герберт Зальберы ныхæстæ, кæцы раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны президентæн æвзæрстыты фæуæлахизы цытæн, "æнæрайсгæ æмæ æнæмбæрстыл". Евроцæдисы минæвармæ Гуырдзыстоны уый фæдыл фæдзырдтой гуырдзыстойнаг ФХМ-мæ.