Тренер: Хуссар Ирыстоны ис алы уавæртæ дæр ленк кæныны райрæзтæн

© Sputnik / Наталья АйриянЕвгения Терлеева
Евгения Терлеева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ленк кæныны федерацийы сæргълæууæг радзырдта журналисттæн æрыгон спортсменты æнтыстыты тыххæй æмæ радта цалдæр уынаффæйы ныййарджытæн

ЦХИНВАЛ, 19 май — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссар Ирыстоны ис æппæт æнæмæнгхъæуæг материалон базæ æнæфæцудгæ тренировкæтæн ленк кæнынæй, республикæйæн ис стыр перспективæтæ спорты ацы хуызы райрæзтæн, радзырдта журналисттæн Sputnik Хуссар Ирыстоны пресс-центры РХИ ленк кæныны федерацийы президент Евгения Терлеева.

"Республикæйы арæзт сты хорз уавæртæ ленк кæныны спорты райрæзтæн, фæлæ нырма хъæуы бакусын. Фæстæдæр ленккæнджытæ æнтыстджынæй хъахъхъæндзысты бæстæйы кад. Фæлæ, уымæ æнæкæсгæйæ, Федераци æййафы инвентары хъуагдзинад. Финанскæнынад ис, фæлæ хорз уаид, бæстæйы къухдариуæгад нæм куы раздахид йе ′ргом", — загъта Терлеева.

Ленк кæныны секци кæд æрæджы фæзынд Хуссар Ирыстоны æмæ йæм цæуы бирæ адæм, уæддæр бонæй бонмæ фылдæр кæны æрыгон ленккæнджыты нымæц, банысан кодта Терлеева.

Чемпионат по плаванию Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Турнир ленк кæнынæй ацæудзæн Хуссар Иры столицæйы

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Федераци нывæнды тренерты штат фæуæрæхдæр кæнын. Банысан ма кодта, республикæйы мидæггагон ерыстæй дарддæр спортсменты кæй хъæуы исын хайад республикæйæн æддейæ турнирты.

Терлеевайы ныхæстæм гæсгæ, спортсмены рæзты, тренер æмæ адæймаджы тырнындзинадæй дарддæр, стыр нысаниуæг ис ныййарджытæн дæр.

"Цæмæй сывæллон схиза ацы спорты бæрзæндтæм, уый тыххæй ныййарджытæ хъуамæ саразой хæдзары сæ сывæллæттæн æнцойвадат уавæртæ, сæ хъус дарой хæрд æмæ улæфты режиммæ", — загъта уый.

Ленк кæныны федераци фæзынд нæ республикæйы 2012 азы. Ерыстæ æмæ турниртæ уадзын уыдон райдыдтой цыппар азы фæстæдæр — 2016 азы, Цхинвалы спорты галуан "Олимп" куы æрбайгом, уæд.

Ног хабӕртты лентӕ
0