Афӕдз сæрибарæй

Рафыссын
Æндæр æмæ æндæр хуызæн ацыд фароны ахæстты цард - Хъоцыты Иосиф ссис таможнæйон службӕйы лейтенант, Зассеты Георгий æрхаста ус, Уалыты Георгий хуыссы рынчындоны уæззау травмæимæ, Турашвили Борисы уавӕр та Sputnik-ӕн у ӕнӕзындгонд

ЦХИНВАЛ, 22 май — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Фарон рагуалдзæджы Гуырдзыстоны ахæстӕттæй ссæрибар кодтой цыппар хуссарирыстойнаг æмбæстаджы. 11 азы амынӕты фæбадыны фæстæ сæ райгуырæн бæстæмӕ æрыздæхтысты Зассеты Георгий, Хъоцыты Иосиф (Сосо), Уалыты Георгий æмæ Турашвили Борис. Ахæстæтты ссæрибарыл цин ахызт сæ хæдзар æмæ æввахс адæмæй дарддæр — Хуссар Ирыстонмӕ се ‘рыздæхтыл цин кодта æгас республикæ. Sputnik бацымыдис кодта, куыд арвыстой сӕ афӕдз сæрибарӕй зноны æнæазым ахæстæттæ, куыд аразынц ногӕй сӕ цард сӕ райгуырӕн бӕстӕйы.

Хъоцыты Сосо. Сæрибары уацары

Коцты Иосиф: кӕй нӕ ссӕрибар кӕндзысты, уый махӕй никӕй уырныдта

Сосойӕн 2005 азы гуырдзыстойнаг тæрхондон аскъуыддзаг кодта цæрæнбонтæм ахæстоны фæбадын. 30-аздзыд лæппуйы фыццаг уырнгæ дæр нæ кодта, æнæазымæй ныр йæ хъысмæт кæй ссис ахæст, йæ хæдзар та —гуырдзиаг ахæстон. Ӕзтӕ куыд цыдысты, афтӕ тадысты лӕппуйы ныфсытӕ дӕр, ӕрцахуыр йӕ ахӕстыл. 11 азы фӕстӕ амонд фӕхудт йӕ мидбылты, Сосо ссӕрибар ис ӕмӕ… "мæ сæрибарæй цы арæзтаин, уый дæр нæ зыдтон".

"Не 'рцахстӕй мӕ иу азы фæстæ куы рауагътаиккой, уæд мæ цинæн кæрон дæр нæ уыдид, адарддӕр кодтаин ма царды пълӕнттӕ. Фæлæ азтæ куыд цыдысты, афтæ мӕ ныфс ныссаст, мæ адзалыл сарзы дæн ӕмӕ мæхи бацæттæ кодтон фæбадын иууыл къаддӕрӕй 25 азы бӕрц. Уымӕ гӕсгӕ ме ‘ссӕрибар базонгӕйӕ цы ӕнкъарӕнтӕ ӕвзӕрстон, уыдон мæ бон ныхæстæй радæттын нæу. Ӕрыздæхтæн æндæр Цхинвалмæ. Мæ хъуыдыйы цы баззад, уыдон дзы нал уардтон æмæ ног царды дзæгъæлтæ кодтон", — мысы йæ фыццаг къахдзæфтæ сæрибарæй уый.

© Sputnik / Фатима ПлиеваХъоцыты Иосиф(Сослан)
Иосиф Кочиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъоцыты Иосиф(Сослан)

 

Хъоцыты Иосиф ахæстоны арвыста йӕ царды хуыздæр азтæ, сыхаг бæстæйы барадхъхъæнæг органтæ йын йе ‘взонгадӕй байстой иуӕндӕс азы. Лæппу, кæцы базар кодта хæдтулгæйы хæйттæй, никуы ахъуыды кодтаид, Гуырдзыстонæн ирон адæмæй мастисæн фæрæз кæй суыдзæн. Равзӕрстой йын иууыл уæззаудæр статья — терроризм. Бакодтой йӕ, уæззау фыдракæндтæ чи сарæзта, уыцы адæмы хсæн.

Райгуырæн бæстæимæ бастдзинӕдтæ — хиуæтты стæм æрцыдтытæ, Сырх Дзуары уылты æрвитæггæгтæ æмæ телеуынынады стæм хатт кадртæ Цхинвалӕй.

Ӕрцыдтӕн… Мæхицæй фыддæр, мæгуырæй ʻссардтон дæу дæр

Хъысмæт нæ бацауæрста Иосифæн канд йæхиуыл нæ, фæлæ ма йӕ бинонтыл дæр. Йæхицæй фыддæр уыд уыдон уавæр дæр. Йе ссæрибармæ иууыл тынгдæр бæллæг ныййарæг нал ӕрыййæфта, йæ хъӕбул йæ къæсæрыл куы ӕрбалæууыд, уый — мад амард ӕртӕ азы раздӕр. Царды уæз æртардта инвалидон къаласкæмæ фыды. 2008 азы хæст æдзæллаг уавæрмæ æркодта бинонты хæдзар. Фӕлӕ йӕ рынчын фыдӕй дарддӕр Иосифы ссӕрибарыл цин кодта ӕгас Хуссар Ирыстон.

"Хъуыды кæнын, адæм мыл куыд цин кодтой — сыхæгтæ, æмгæрттæ, æнæзонгæ адæм. Абон дæр ма рахатын æнæзонгæ адæмы æмбаргæ цæстæнгас, нæ хъысмæт сусæггаг никӕмæн уыд æмæ мæ æвæццæгæн базонынц. Иу æрдæг аз рацыдаид, ӕрмӕст мӕм уӕд райдыдта хъарын, ныр сæрибар кæй дæн æмæ мæ дарддӕр мæ цард кæй хъæуы аразын", — дзуры Иосиф.

Ныр Хъоцыты лӕппу цадæггай нывӕнды йӕ дарддӕры цард, ахуыр кæны ногæй бæллын. Бацыд ахуырмӕ ӕмӕ куыстмæ. У РХИ Таможнæйон комитеты кусӕг, лейтенант ӕмӕ ХИПУ юридикон факультеты студент. Ныр та фæнд кæны йæ хæдзар бацаразын æмæ бинонтæ скæнын.

"Кусын, фæлæ мæ мызд уый бæрц нæу, цӕмӕй мæхи тыхæй мæ хæдзар саразон. Мæ фыд дæр рынчын адæймаг у, кӕсын ӕм хъӕуы, æндæр та мын æххуыс никуыцæй ис. Раздæры хицауадæй тынг бузныг дæн, кæй мын баххуыс кодтой ссæрибар кæнынæнӕй, горæт мын баххуыс кодта арæзтадон æрмæджытæй, фæлæ иунӕгæй сцалцæг кæнон мæ хæдзар, уый не ʻнтысы. Фæнды мæ бахатын ныры къухдариуӕгадмæ дæр, кæд мæ æнæхъусдард нæ ныууадзиккой", — балхынц кодта Иосиф.

Зассеты Георгий. Ӕнæбасӕтгӕ зӕрдӕ

Фыццаг ӕркастӕй ӕнгӕс хъысмӕтимӕ у Зассеты Георгий дӕр. Уый дӕр йе ٬взонджы хуыздӕр ӕзтӕй иуӕндӕс арвыста ахӕстоны. Уымӕн дӕр Гуырдзыстоны тӕрхондон суынаффӕ кодта цӕрӕнбонты ахӕстон, фæлæ уый йӕ зӕрдӕйы йæ ахæстоны хъысмæтыл никуы сразы.

Зассеты Георгий: ныр мæ бон у ныфсджынæй зæгъын, цард дарддæр кæй цæуы

Не ‘сыххӕст сты, Хуыцауы фӕрцы, фыццаг цӕмӕй тарст, уыцы ӕнхъӕлцтӕ дӕр — ӕвзонг лӕппу бахауд бӕллӕхы, уарзон чызг фӕцыд чындзы, ӕмгӕртттӕ йыл сӕхи атигъ кодтой, ӕввахс адӕм йыл сӕ зӕрдӕ сивтой. Уыцы хъуыддаджы амонджын разынд Георгий. Ахӕстонмæ йæм ӕдзух цыдысты йӕ хӕстӕджытӕ, ӕмгӕрттӕн кӕд ныццӕуыны фадат нæ уыд, уӕддӕр сӕ рох нӕ уыд, уарзон чызг ӕнхъӕлмӕ кастис йӕ ӕрӕздӕхынмӕ 11 азы.

"Иу бон дӕр мӕхи рох никуы фӕхатыдтӕн. Ме ʻссӕрибарыл куыстой, уый зыдтон, уырныдта мӕ, ӕнӕмӕнг кӕй рыздӕхдзӕн Ирыстонмӕ. Мӕ ныййарджытӕ, мӕ хо мӕм арӕх цыдысты, ме ‘мбӕлттӕн ӕрцӕуӕн нӕ уыд, фӕлӕ. Стӕй сӕрибар. Куыддæр Ручъы туннель рахызтæн, афтæ мæхи фæхатыдтæн сæрибар. Нырма дӕр мӕ зӕрдыл лӕууы, куыд ныл ӕмбӕлдысты Цхинвалы, уыцы цин нырма дӕр нæ ацыд мӕ уӕнгтӕй. Иу уысмау мыл агӕпп кода ацы аз", — радзырдта Георгий.

Сӕрибар, райгуырӕн хӕдзар, чындзӕхсӕв

© Sputnik / Георгий ЗассеевЗассеты Георгий йӕ цардӕмбал Плиты Дианаимӕ
Георгий Зассеев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зассеты Георгий йӕ цардӕмбал Плиты Дианаимӕ

Афӕдз сӕрибарӕй Георгийӕн æнæхъуаджы нӕ ацыдысты — скодта бинонтӕ, ахуыр кӕны нырыккон техникӕимӕ архайын, уырны йӕ йӕ рӕсугъд фидӕн.

"Ӕз ахӕстоны бадтӕн, дуг, техникӕ та размӕ цыд. Ныр ӕз архайын ногдзинӕдтӕ аййафын. Дыууӕ мӕйы размӕ нӕ цард баиу кодтам Плиты Дианаимӕ. Ныууагътон ӕй 19-аздзыдӕй, ӕппӕт ацы рӕстӕг мӕм ӕнхъӕлмӕ каст", — дзуры ӕвзонг лӕппу.

Георгий, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахӕстоны йе ‘ввахс адӕмӕй дарддӕр ма тынг мысыд Тулдзы къорх, бӕлӕстӕ ӕмӕ кӕрдӕг.

Уалыты Георгий: нæ размæ æрбацӕуджыты фенгæйæ мæхи фенхъæлдтон киностъалы

"Ахӕстоны фыццаг фондз азы-иу цыппар къулӕй ӕддӕмӕ райвӕрзтыстӕм ӕрмӕст 20 минуты бон, стӕй нын ӕй сахатмӕ скодтой. Фӕлӕ иппӕрд уыдыстӕм ӕрдзӕй. Ныр тынг бирӕ рӕстӕг ӕрвитын ӕрдзы хъӕбысы", — дзуры Георгий.

Лӕппу нырма у ӕгуыст, фӕлӕ ӕввахс рӕстӕджы хъавы куыстмӕ бацӕуын ӕмӕ йæ царды пълӕнттӕ ӕххӕст кӕнынмӕ бавналын.

"Нырма кӕронмӕ не ʻрбынат кодтон. Æгӕр буц ныхӕстӕ мын ма рацӕуӕт, фӕлӕ мӕ фӕнды ссарын ахӕм куыст, цы ран пайда уон мӕ бинонтӕн дӕр ӕмӕ Ирыстонӕн дӕр. Структурӕты кусынмӕ мӕ мӕ зӕрдӕ нал хӕссы. Иу хъуыддаг фидарӕй зонын — Ирыстонӕй мӕ ӕндӕр бӕстӕм никуыдӕм фӕнды ацӕуын", — балхынц кодта уый.

Уалыты Георгий. Ног бӕллӕх

Хъыгагӕн, бынтон мӕгуырау разынд Уалыты Георгийы адаптаци сӕрибар царды.

Турашвили Борис: нæ федтон, куыд райгуырд ӕмӕ рæзт мæ чызг

Цавӕрдӕр цардуагон хъаугъайы фӕстиуӕгӕн уый уӕззау уавӕры бахауд Цӕгат Ирыстоны республикон клиникон рынчындонмӕ сӕры травмӕимӕ. Ныридӕгӕн ӕй ракодтой палатӕмӕ, фӕлӕ йӕ ‘снӕниз кӕнынӕн хъӕуы дӕргъвӕтин реабилитаци ӕмӕ ӕххуыс.

"Бабӕрӕг ӕй кодтон рынчындоны, йӕ цардӕн тӕссаг нал у, фӕлӕ йӕ сӕры ис стыр гематомӕ. Дохтырты хъуыдымӕ гӕсгӕ йӕ бахъӕудзӕн дӕргъвӕтин реабилитаци. Хъӕудзӕн йӕ ӕххуыс, ахайӕм Æнӕниздзинады министрады йын документтӕ саразын квотӕйӕн", — радзырдта йӕ уавӕры тыххӕй Зассеты Георгий.

Борис Турашвили. Ӕбӕрӕг фидӕн

Борис Турашвили йе ссæрибары фæстæ ацыд Ростовмæ, цы ран цæрынц йе ʻввахс хæстæджытæ ӕмӕ уым ӕрбынат кодта. Хъыгагӕн, Sputnik нӕ бантыст, уымӕй исты лӕмбынӕг хабӕрттӕ базонын.

Ног хабӕртты лентӕ
0