Хуссар Иры æрыгон боксертæ рамбылдтой матчон фембæлд Кæсæг-Балхъары

© Sputnik / Владислав ХасиевПобедители турнира по боксу
Победители турнира по боксу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыууæ республикæйы командæты ныхмæлæуды тыхджындæр разынд Хуссар Иры командæ. Нæ 30 боксерæй 17 райстой фыццаг бынæттæ

ЦХИНВАЛ, 23 май — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны æрыгон боксерты командæ ссис Кæсæг-Балхъары командæимæ матчон фембæлды уæлахиздзау, фехъусын кодта боксы тренер Хаситы Владислав.

Алик Тедеев со своими воспитанниками. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цыппар цхинвайлаг боксеры УФ фыццагадмæ сӕхи цæттæ кæнынц Новороссийскы

Турнир цыд Кæсæг-Балхъары республикæйы город Майскийы. Кæд бынæттонтæн æнцонддæр уыд сæ райгуырæн къуымы тох кæнынын, уæддæр хуссарирыстойаг уазджыты нæ басастой.

"Турниры архайдтой æрмæстдæр дыууæ республикæйы боксертæ. Уый уыд Кæсæг —Балхъар æмæ Хуссар Ирыстоны боксерты матчон фембæлд æмæ дзы мах разындыстæм тыхджындæр. 30 лæппуйы акодтам æмæ дзы 17 ссисты уæлахиздзаутæ. Сæ тохтæй сын баззадыстæм райгондæй", — банысан кодта тренер.

Уый ма бафиппайдта, боксы секци йæхи тыхтæй кӕй сорганизаци кодта балц, транспортæй та сын баххуыс кодта Хъахъхъæнынады министрад æмæ Паддзахадон хъахъхъæнынады службæ.

Фæсивæды цæттæ кæнынц тренертæ — Хаситы Владислав, Гæбæраты Гамлет æмæ Цоциты Эдгар.

Ног хабӕртты лентӕ
0