"BEKOEV" райста йæ фыццаг хорзæх

© Sputnik / Наталья АйриянБренд "BEKOEV"
Бренд BEKOEV - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Конкурс "Пульс моды"-йы цæгаткавказаг дизайнерты хсæн рахицæн кодтой цхинвайлаг ӕвзонг лӕппу Бекъойты Хохы коллекци. Ацы конкурсы ма "Арт–дизайны" хаххыл иууыл æнтыстджындæрыл банымадтой нывгæнæн скъолайы ахуырдзау Зассеты Эдуарды куыст "Бинонтæ"

ЦХИНВАЛ, 23 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цæгат Ирыстоны X сфæлдыстадон конкурс "Пульс моды"-йы æрыгон модельерты хсæн иууыл хуыздæрыл банымадтой хуссарирыстойнаг дизайнер Бекъойты Хохы коллекци "Наваждение", фехъусын кодта Sputnik уæлахиздзау йæхæдæг.

Конкурсы фыццаг хуссарирыстойнаг дизайнер Бекъойты Хох йæ коллекцийæ 15 look-ы равдыста номинаци "Александровский проспект"-ы. Ацы коллекцийы мастер сбаста викториайнаг стиль ирон националон мотивтимæ.

Хох Бекоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бренд "BEKOEV" рахызт подиуммæ

"Фыццаг хатт архайдтон ацы конкурсы. Уыд дзы æвзонг кутюрьетæ Уæрæсейы бирæ регионтæй. Алкæмæн дæр ис йæхи уынынад. Нæ куыстытæн нын аргъ кодта жюри æмæ мын тынг æхсызгон уыд сæ рахæсгæ фæндон — мæ коллекци мын аннæты цур кæй рахицæн кодтой", — радзырдта Хох.

Ацы конкурсмæ ма "Арт-дизайны" хаххыл сæ куыстытæ бавдыстой Хуссар Ирыстоны нывгæнæн скъолайы ахуырдзаутæ — Зассеты Эдуард, Багаты Алана, Хъуылымбегты Диана æмæ Хъулымбегты Виктория.

"Арт-дизайны" номинацийы куыстытæй иууыл хуыздæрыл жюри банымадта нывгæнæн скъолайы 3-æм къласы ахуырдзау Зассеты Эдурады куыст "Бинонтæ" графикæйы стилы, уый ссис номнацийы уæлахиздзау. Бузныджы гæххæттытæ райстой ахуыргæнджытæ дæр", — радзырдта Sputnik скъолайы директор Ӕлборты Ӕхсæртæг.

Сфæлдыстадон конкурс "Пульс моды"-мæ бавдыстой 50 куысты бæрц фондз номинацийы "Александровский проспект", "Дебют", "Эксперимент", "Этностиль" æмæ"Арт-дизайн".

Ног хабӕртты лентӕ
0