Дзæуджыхъæуккаг футболон фанатты фæнадтой Ставрополы

© Sputnik / Саид Царнаев /  Ахизын медиабанкмæДзæуджыхъæуккаг футболон фанатты фæнадтой Ставрополы
Дзæуджыхъæуккаг футболон фанатты фæнадтой Ставрополы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ставрополы, футболон матчы фæстæ Дзæуджыхъæуæй фарсхæцджыты фæкодтой фыднад, фехъусын кодтой фан-клуб "Алайнаг барстæ"-йы

ЦХИНВАЛ, 24 май — Sputnik. Ставрополаг "Динамо" æмæ дзæуджыхъæуккаг "Спартак"-ы æхсæн матч (0:1) ахицæн цæгатирыстойнаг командæйы фанатты фæнæмынæй, хъусын кæны 15 регион.

Цæгат Ирыстонæй командæйы фарс балæууынмæ ныццыдысты 10 адæймаджы — республикæйæ ацæугæтæ æмæ бынæттон уæлдæр ахуырадон уагдæтты студенттæ. Хъазты рæстæджы сын "Динамойы" фанаттæ аскъæфтой сæ тырыса. Цæгатирыстойнаг минæвæрттæ сæ асырдтой, фæлæ сæ ных скъуырдтой бынæттон агрессивон фанаттыл.

"Лæбурджытæ архайдтой тынг тызмæг. Хылы фæстиуæгæн цæгатирыстойнаг фанаттæй цыппарæй алыгъуызон травмæтимæ бахаудтой рынчындонмæ. Ӕрмæстдæр полицийы фæрцы бантыст хыл ныннымæг кæнын", — хъусын кæны мыхуыры фæрæз.

Раздæр Ставрополь æмæ Дзæуджыхъæуы футболон фанатты æхсæн ахæм эксцесстæ никуы уыд.

"Мах бирæ хæттыты уагътам матчтæ нæ сыхæгтæм, сæ ахаст нæм уыд хæларадон. Ныфс нæ ис, ацы цау æнæхъусдардæй кæй нæ баззайдзæн Ставрополы барадхъахъхъæнæг органты æрдыгæй æмæ аххосджынтæ баййафдзысты æмбæлон æфхæрд", — загъта фан-клуб "Алайнаг барсты" лидер Дмитрий Рейсих.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0