"Симд" барухс кодта ветеранты зæрдæтæ ног кафтытæ æмæ костюмтæй

Рафыссын
Зард æмæ кафты паддзахадон ансамбль "Симд" равдыста ног, Уæлахизы боны цытæн нывонд, концертон программæ.

Концерты цытджын уазджытæ ссисты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæ, кæцытæн концерты райдианы раарфæ кодтой Стыр Уæлахизыл 72 азы сæххæсты фæдыл.

Концерты уыд Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий.

Хуссар Ирыстоны кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль "Симд"-ы концерт уагъд æрцыд киноконцертон зал "Чермен"-ы. Коллектив равдыста ног зарджытæ æмæ кæфтытæ. Афтæ ма премьерæйы равдыстой ног, сæрмагондæй кафт "Перепляс"-æн хуыд костюмтæ, кæцы "Симд" сæвæрдта фыццаг хатт.

Концерты ма уыд композитор Харебаты Тимуры ног зарæджы премьерæ дæр, кæцы йæхæдæг дирижир кодта "Симд"-ы хорæн йæ сæххæст кæнын рæстæджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0