ЦХИНВАЛ, 24 май — Sputnik. Цæгат Ирыстоны полицийы кусджытæ байстой республикæйы 66-аздзыд цæрæгæй дыууæ винтовкæйы æд нæмгуытæ, хъусын кæны РЦИ-Аланийы МХМ-ы пресс-службæ.
"Барадхъахъхъæнджытæ раргом кодтой дыууæ винтовкæйы — 5, 6 калибры æмæ 1300 та нæмгуытæ. Экспертизæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, хæцæнгарз у æхсынхъом", — хъусын кæны ведомствæ.
Факты фæдыл баконд æрцыд уголовон хъуыддаг, цæуы равзæрст. Пенсиисæгмæ æнхъæлмæ кæсы ахæсты баконд цыппар азы æмгъуыды онг. Ахæм санкци рагхыгъд кæны УФ УК-ы 222-æм статья "Хæнцæнгарз, йæ хæйттæ, хæстæрмæджыты æнæзакононæй химæ дарын".