ЦХИНВАЛ, 24 май — Sputnik. Гæнæн ис æмæ президентон æвзæрстагъоммæ дугътæ райдайой ацы аз декабры, хъусын кæны РИА Новости УФ ЦӔК-ы секретарь Майя Гришинайы ныхæстæ.
"Законы райст æмæ йæ тыхы бацыдмæ гæсгæ, ацы рæстæджы скъуыддзаг у 7 декабрæй 17 декабрьмæ", — загъта Централон æвзарæн къамисы минæвар.
Ӕвзæрстыты датæ
УФ президенты æвзæрстыты датæ, архайгæ закондæттынадмæ гæсгæ, хауы марты дыккаг хуыцаубонмæ.
Законмæ бавдыстгонд барастгæнинæгтæм гæсгæ, кæд дыккаг хуыцаубон у фæсбæрæгбонон, науæд та кусæгон боны бæрæгбон æндæр бонмæ ахаст æрцыд, уæд хъæлæскæнынады бон хаст цæуы йæ размæ хуыцаубонмæ нæ, фæлæ йæ фæстæ хуыцаубонмæ, ома мæйы æртыккаг хуыцаубонмæ. 2018 азы уый уыдзæн 18 март (Хъырымы æрбаиуы бон Уæрæсемæ).
Песков Путины нывæзтты тыххæй
Владимир Путины хайадисты тыххæй æвзæрстыты комментарий сарæзта йæ пресс-секретарь Дмитрий Песков. Йæ ныхæстæм гæсгæ, бæстæйы разамонæгæн нырма ницы нывæзттæ æмæ хъуыдытæ ис президентон кампанийы фæдыл.
"Нæй æвзæрстагъоммæ кампани. Цæуы æрвылбонон куыст. Уæ цæстыты раз ис президенты график, уымæ гæсгæ, ницы хъуыдытæ, ницы нывæзттæ ис", — загъта Песков.
15 майы йæ визиты рæстæджы Пекинмæ, журналистты фарстытæн дзуаппытæ дæтгæйæ, Путин фехъусын кодта, кæй нымайы рагафоныл дзурын йæ хайадисты тыххæй фидæны президентон æвзæрстыты.