ЦХИНВАЛ, 25 май — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссарирыстойнаг къӕбицы сӕйрагдӕр бынӕттӕй иу ахсынц цӕхджынтӕ. Ирон адӕм рагзамантӕй фӕстӕмӕ цӕхджынтӕ ӕвӕрдтой алы ӕмӕ алыгъуызон халсӕрттӕй, зайӕгойтӕй, кӕрдӕджытӕй, ӕгӕрыстӕмӕй ма дидинджытӕй дӕр.
Се ‘хсӕн иууыл парахатдæр сты дзондзолийы (джонджолийы) цӕхджынтӕ. Ацы хӕринагӕй ирон фысым сбуц кæны йæ уазæджы, ӕнæ уымæй нæ вæййы нӕдӕр цины, нӕдӕр хъыджы фынг.
Фӕлӕ та, хъыгагӕн, куыд ӕндӕр бирӕ хӕринӕгтӕ, ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ традициты, афтӕ нӕ хуссайраг сыхӕгтӕ адавтой дзондзоли дӕр ӕмӕ йыл сӕхи рахицау кодтой. Фӕсарӕнты, кӕнӕ та сӕхимӕ туристтӕн уыдон дзондзолийы цӕхджынтӕ бавдисынц куыд гуырдзиаг къӕбицы националон хӕринаг, дзырд "дзондзоли" та — сыгъдӕг гуырдзиаг дзырд.
Фӕлӕ, дзондзоли кæд Гуырдзыстон сæхиуыл æрфыстой, уæд бынæттон ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, гуырдзиаг фынгӕй бирӕ раздæр ацы къутæры дидинтæ бахызтысты ирон къæбицмæ.
Ахуыргонд, адæмон медицинæйы дæсны, хосгæнæн кæрдæджыты фæдыл хицæн чиныджы автор Дзабиты Зарбеджы ныхæстæм гæсгæ, "дзондзоли" нӕдӕр куыд дзырд, нӕдӕр куыд хӕринаг Гуырдзыстонмӕ ӕппындӕр ницы бар дары.
"Ирон адæм рагзаматæй фӕстӕмӕ уалдзæджы фыццаг зайæгойтæй агуырдтой спайда кæныны фадæттæ — арæзтой сæ цæхджынтæ, хъӕрмхуыптӕ, сурфыхтæ, хус сæ кодтой зымæгмӕ. Дзондзолийӕ цӕхджынтӕ аразын фыццаг райдыдтой Знауыры æмæ Ленингоры районты. Махмӕ, хӕхбӕсты, нӕ задис. Фæлæ чысылæй фæстæмæ хъуыды кæнын, дзондзоли иу уыд ирон фынгыл", — загъта Дзабиты Зарбег.
Ахуыргонд банысан кодта, гуырдзиаг ӕфсинтӕ ацы хӕринаг кӕй базыдтой сӕ ирон сыхӕгтӕй ӕмӕ йӕ стӕй цӕсгомджынӕй сӕхи бакодтой.
"Дзондзоли мах арæзтам, Гуырдзыстоны йæ кой дæр куы никуы ма уыд, уыцы рæстæджыты дæр. Ленингор ӕмӕ Знауыры районты бирӕ гуырдзиаг хъӕутӕ уыд, уыдон цӕрджытӕ йӕ мах фӕзмгӕйӕ райдыдтой аразын. Фӕстӕдӕр æй хонын райдыдтой сӕхи къæбицы хæринаг. Дзырд "дзондзоли" дӕр у сыгъдӕг ирон дзырд ӕмӕ бирӕ ӕндӕр ирон дзырдты ӕмрӕнхъ бацыд гуырдзиаг æвзагмӕ. Абайты Уасо йæ комкоммæ куы загъта, гуырдзиаг æвзаг аразгæ æвзаг кӕй у", — радзырдта Дзабиты Зарбег.
Дзондзолийӕ дарддӕр ма ирон къæбицы ныртӕккӕ дӕр пайда кӕнынц тынг бирӕ зайӕгойтӕй. Уӕлдайдӕр хистӕр кары адӕм уарзынц цымдзӕхтон, пысырадзӕхтон, цӕхӕрайы сурфых, зынтъыры ӕмӕ хуычъейӕ цӕхджынтӕ. Уыдонӕй бирӕты сконды фитотерапевттæ ссардтой марг. Фæлæ сæ пайда кæныны историйы дæргъы уыдон нырма никæмæн рахъыг кодтой.
Биолог æмæ телеамонæг Габаты Владимиры ныхӕстӕм гæсгæ, дзондзоли дæр бынтон æнæмарг кæрдæг нæу, фӕлӕ ‘нӕниздзинадӕн тӕссаг нӕу.
"Дзондзолийы сконды дæр ис чысыл марг, фæлæ уый хомæй дæр уадиссаг ницы рахъыг кæндзæн адæймагæн. Стæй ма æхсад æмæ фæлвыхы фæстæ уымæн йе ‘ппæрццаг æууæлтæ ацæуынц æмæ адæймагæн пайдайӕ дарддӕр зиан ницы у", — зæгъы Габаты Владимир.