ЦХИНВАЛ, 25 май — Sputnik. Sputnik Латвийы журналисттæ майы æмбисы базыдтой æфсымæрон ингæны тыххæй, цы ран ныгæд ис Гæздæнты Шамиль — легендарон æфсымæртæй иу, кæцытæ бабын сты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты тохы быдырты.
Йæ хæстæджытæ нымадтой, зæгъгæ уый фæмард Берлины цур, фæлæ ныр æрбацыд информаци Латвийæ: æфсæддоны мæрдар ныгæд ис æндæр бæстæйы, уый дæр Балтийы денджызы былгæрон æвæрд. Цæгат Ирыстоны националон ахастыты фæдыл министр Цуциты Аслан фехъусын кодта: "Ирыстонæй нырма уым ничи уыд æмæ ацы ингæнмæ дидинтæ ничи бахаста". Фæлæ ныр уавæр ивы.
Иу бинонтæ — иууылдæр хъайтартæ
Sputnik уацхæссæгæн уыд ныхас организаци Ruthenia-йы къухдариуæггæнæг, зындгонд латвиаг бæстæзонæг Александ Ржавинимæ, кæцы сæрмагондæй нæ агентадæн æрæмбырд кодта занаргъ информаци.
Гæздæнты авд æфсымæры — Дзуарыхъæуæй рацæугæтæ — фæмард сты æндæр æмæ æндæр рæстæджы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты быдырты. Сæ мад — Гæздæнты Тасо — амард æртыккаг æфсымæры мæлæты хабар райхъуысты фæстæ. Сæ райгуырæн хъæуы сын ис æвæрд цырт, цы ран æвдыст ис хъынцъымгæнæг мад æмæ авд хърихъуппы — йæ авд фырты.
"Хъайтарты бинонты истори æвæрд у Стыр Фыдыбæстæйон хæсты историйыл иумæйагæй. Кæмæндæр хæст йæ иунæг сывæллоны ахаста, иуæй иу бинонты та фæмард сты сæ цот иууылдæр. Дзуарыхъæуккæгтæ — Гæздæнты авд æфсымæры ацыдысты фронтмæ æмæ сæ фæстæмæ иу дæр нал æрыздæхт. Махарбег фæмард 1941 азы, Мæскуы хъахъхъæнгæйæ. Мæхæмæт æмæ Хаджисмæл фæмард сты Севастополь хъахъхъæнгæйæ. Дзæрæхмæт фæмард Новороссийскы цур тохы. Созырыхъо йæ цардæй ахицæн кæмдæр Киевы цур. Се ′гасы кæстæр — Дзæрæхмæт та фесæфт 1941 азы сентябры Украинæйы. Уыдон уыдысты хуымæтæг сырхæфсæддонтæ. Фæлæ Шамиль та 1937 азæй уыд Сырх æфсады рæнхъыты æмæ ссис офицер. Службæ кодта æхсарджынæй. Ссис Сырх Стъалыйы дыууæ ордены æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты дыууæ къæпхæны орденты кавалер", — дзуры Александр Ржавчин.
Гвардийы лейтенант Гæздæнты Шамиль, 2-æм гвардеон æхсæн дивизийы 6-æм гвардеон æхсæн полчы минææхсæг ротæйы командир фæмард 1944 азы 23 ноябры. Фыццаг ныгæд уыд поселок Никрацейы цур, уый фæстæ йын йæ мард буары хæйттæ рахстой Скрунды районы хутор Лиекнийы цур мемориалмæ.
Йæ фæмарды фæдыл документты йæ мыггаг фыст у куыд Гоздæнты. Документты кæцыдæртæй Гоздæнтæй фыст у, кæцыдæрты та Гæздæнтæй. Мемориалыл йæ мыггаг раст фыст у, фæлæ йæ фыды ном фыст у куыд Алексей, Асæхмæты бæсты.
Латвийы ма ныгæд ис Ирыстонæй бирæ ацæугæ хæстонтæ, зæгъæм, Ригæйы, хæстон уацайрæгты уæлмæрд Зиепниеккалнсы. Цалдæр ироны бахаудысты æфсæддон уацайрæгты нацистон лагермæ Stalag-350… Ис ингæнтæ Мадон, поселок Индрайы æмæ Лиепайы. Ноджы ма иу ирон, Гаглойты Александр Георгийы фырт ныгæд у Гæздæнты Шамиль цы хуторы ис ныгæд — Лиекнийы — уырдæм хæстæг.