ЦХИНВАЛ, 25 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны экономикон райрæзты министрæй нысан æрцыд Кокойты Геннадий, æмбæлон барамынд цыппæрæмы бафыста президент Бибылты Анатолий, хъусын кæны йæ пресс-службæ.
Уымæй размæ экономикон райрæзты министры хæстæ æххæст кодта Зæгъойты Вильям, кæцы йæ бынатæй сæрибар æрцыд президенты указмæ гæсгæ. Дыууæ указ дæр Бибылты Анатолий бафыста цыппæрæмы, загътой пресс-службæйы.
Хуссар Ирыстоны хицауад сæрибар æрцыд 24 апрелы Бибылты Анатолий президенты бынатмæ куы бахызт,уæд.
Парламент 16 майы сразы ис президенты бавдыстгонд кандидатура Пухаты Эрикы хицуады сæрдарæй снысан кæнæны фæндыл.