Беслæны зианбаййафджытæн цæрæнуатæн рахицæн æрцæудзæн 310 млн сомы

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæТраурные мероприятия, посвященные 10-й годовщине трагедии в Беслане
Траурные мероприятия, посвященные 10-й годовщине трагедии в Беслане - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бæслæны трагедийы зианбаййафджыты цæрæнуатæй сифтонг кæныны проблемæ скъуыддзаг æрцæудзæн иууыл æввахсдæр рæстæджы, фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны Финансты министрады сæргълæууæг

ЦХИНВАЛ, 26 май — Sputnik, Болататы Алина. Беслæны скъолайы теракты зианбаййафджыты цæрæнуатæй сифтонг кæныны проблемæ скъуыддзаг æрцæудзæн иууыл æввахсдæр рæстæджы, фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны финансты министр Цæрыкъаты Хъазбег.

Битарты Вячеслав æмæ Дмитрий Медведев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Битарты Вячеслав бахатыд Медведевмæ Беслæны зианбаййафджытæн цæрæнуатæй баххуыс кæнынмæ

"Уынаффæ рахаст æрцыд федералон центры æмвæзадыл. Президенты æмвæзадыл. Мæхæдæг бакастæн документтæ, цы ран зианбаййафджытæн цæрæн фæзуат рахицæн кæныны нормæты фæдыл ныридæгæн нысан æрцыдысты фæрæзтæ. Уыцы фæрæзтæ сты 310 млн сомы, кæцытæ ратдзысты фадат проблемæ аскъуыддзаг кæнынæн", — загъта чиновник республикон парламенты радон рабадтыл.

Раздæр айхъуст, Цæгат Ирыстоны хицауад кæй сифтонг кæндзæн Беслæны скъолайы теракты 193 зиабаййафæджы. Дзырд цыд теракты зианбаййафджытыл, кæцыты æхсæнведомствæйон къамис аскъуыддзаг кодта цæрæнуатæй сифтонг кæнын æмæ кæцыты раз паддзахад нæ сæххæст кодта ацы хæс.

Ног хабӕртты лентӕ
0