Кæсаг хъомыл кæнынмæ цымыдис сæвзæрд Леонидмæ, чысыл ма куы уыд, уæд, фæлæ æрмæстдæр 2010 азы уымæн бантыст йæ рагон нывæзттæ среализаци кæнын — бакодта сæрмагонд чысыл амалиуæгад, Къуайсамæ фæндагыл ахадгæ номимæ "Южные ворота". Амалиуæггæнæг нывæнды йæ кондад фæуæрæхдæр кæнын, цæмæй йæ продукци суа конкуренцихъом. Фæлæ йæм ныр дæр фадат ис балхæнын цæрдуд кæсаг, кæсаджы цæхджын фыд, афтæ ма еугæф дæр.
Хæдзарад ис Цхинвалмæ æввахс — 20 км дæрддзæф, фæлæ йæ æргъай æмæ валергæсаг æлхæнынмæ æрцæуынц æрмæст æппæт Хуссар Ирыстоны алы къуымæй нæ, фæлæ Уæрæсейæ дæр.